07 июля 2014, 17:23
Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей бабæрæг кодта горæты рæвдауæндæттæ
Афæдзы кæронмæ уыдоны байгом кæндзысты уæлæмхасæн къордтæ. Фæзындзысты 34-æмы, 92-æмы æмæ 87-æм рæвдауæндæтты. Ныридæгæн уырдæм цæуынц 810 сывæллоны.
Афæдзы кæронмæ уыдоны байгом кæндзысты уæлæмхасæн къордтæ. Фæзындзысты 34-æмы, 92-æмы æмæ 87-æм рæвдауæндæтты. Ныридæгæн уырдæм цæуынц 810 сывæллоны. Фæстаг цыппар азмæ 6 ног къорды байгом кодтой 34-æм рæвдауæндоны. Федералон программæ æххæстгæнгæйæ рæвдауæндæттæ райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ. 13 къорды та фæзындзæн 92-æм рæвдауæндоны. Дзантиаты Сергей куыд загъта, афтæмæй ма Дзæуджыхъæуы хъуамæ арæзт æрцæуа 11 рæвдауæндоны. Уæд бынæттæ сфаг уыдзæн се ппæт сывæллæттæн дæр.
темæмæ гæсгæ




