филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:14 воскресенье, 06 октября 2024
03 сентября 2014, 17:44
Дзæуджыхъæуы дыккаг хатт кусын райдыдта дунеон форум «Сывæллæттæ – нырыккон историйы терроризмы амæттæгтæ»

Цæгат Ирыстоны хицауады, Паддзахадон университеты, центр «Холокост»-ы æмæ Уæрæсейаг дзуттæгты цæдисы хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы дыккаг хатт кусын райдыдта дунеон форум «Сывæллæттæ – нырыккон историйы терроризмы амæттæгтæ».

74075
Цæгат Ирыстоны хицауады, Паддзахадон университеты, центр «Холокост»-ы æмæ Уæрæсейаг дзуттæгты цæдисы хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы дыккаг хатт кусын райдыдта дунеон форум «Сывæллæттæ – нырыккон историйы терроризмы амæттæгтæ». Цæудзæн æртæ боны. Ссыдысты йæм дунейы бæстæты педагогтæ, студенттæ, политиктæ, дины æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.
Форумы архайджытæн «æгасцуай» загъта хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй 10 азы размæ цы фыдбылыз æрцыд, уый хъуамæ рох ма уа. Хъуамæ алчидæр скæна хатдзæгтæ æмæ архайа терроризмы знаггады тыххæй фидæны фæлтæрты дæр зонгæ кæнын. «Холокост»-ы фонды сæрдар Илья Альтманы хъуыдымæ гæсгæ сывæллæтты зонгæ кæнын хъæуы фыдгæнджыты митимæ. Цæмæй йын æмбарой, цы фæстиуджытæм расайы, уый. Фонды уæнгтæ сæ размæ æвæрынц хæс ныффыссын интервьютæ, сисын видеоæрмæджытæ æмæ къамтæ – цæмæй сын фыдгæнджыты митæн фылдæр æвдисæнтæ уа, уый тыххæй. Фæнды сæ, цæмæй Дзæуджыхъæуы уа ацы темæимæ баст сæрмагонд музей.
Беслæны фыдбæллæх рох куыд никæмæй уа, уый тыххæй абон Уæрæсейы скъолаты уыдысты мысæн уроктæ. Сывæллæттæн дзырдтой уыцы сау бонты цауты тыххæй, амынæты чи уыд, чи сæ уæгъд кодта, уыдоны тыххæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania