03 марта 2014, 11:36
Дзæуджыхъæуы Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы ацыдысты аивадон гимнастикæйæ ерыстæ
Сæ тыхтæ дзы æвзæрстой, 11-æй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ. Горæтæй æмæ дзы районтæй архайдта 80 гимнасткæйæ фылдæр. Ацы ерыстæ сты æвзарæн къæпхæн, сæ хатдзæгтæм
Сæ тыхтæ дзы æвзæрстой, 11-æй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ. Горæтæй æмæ дзы районтæй архайдта 80 гимнасткæйæ фылдæр. Ацы ерыстæ сты æвзарæн къæпхæн, сæ хатдзæгтæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны иугонд командæ. Уæлахиздзаутæ мартъийы ацæудзысты Стъараполмæ æмæ архайдзысты Цæгат Кавказы чемпионаты.
Ацы чызджытæ регионалон ерысты иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдтой, æмæ алы хатт дæр сыздæхынц хорз бæрæггæнæнтимæ. Тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныр дæр сæ зæрдæ дарынц уæлахизыл.
темæмæ гæсгæ




