30 июня 2014, 11:49
Дзæуджыхъæуы Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы уыди Цæгат Кавказы ерыстæ грэпплингæй
Цæгатирыстойнаг спортсменитимæ дзы архайдтой Дагестаны, Цæцæны æмæ Кæсæг – Балхъары минæвæрттæ. Тох кодтой 6 къæпхæны. Цæгат Ирыстоны спортсменты хæзнадоны ис 2
Цæгатирыстойнаг спортсменитимæ дзы архайдтой Дагестаны, Цæцæны æмæ Кæсæг – Балхъары минæвæрттæ. Тох кодтой 6 къæпхæны. Цæгат Ирыстоны спортсменты хæзнадоны ис 2 сызгъæрин майданы, уыдоны аккаг систы Баллаты Феликс æмæ Хъуылымбегты Георгий. Уымæй уæлдай дыууæ æвзист майданы радтой Хуыгаты Сослан æмæ Сократ Мусаевæн. Елеты Азæмæт æмæ Дудараты Сослæнбег та бацахстой æртыккаг бынæттæ. Æртæ сызгъæрин майданы рамбылдтой дагестайнаг спортсментæ. Иу хæрзиуæг та аластой Цæцæны республикæмæ. Ацы ерыстæ конд æрцыдысты фæсивæды боны кадæн.
темæмæ гæсгæ




