филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:02 суббота, 21 сентября 2024
17 октября 2012, 10:44
Дзæуджыхъæуы фæндаггон фыдбылызы фæмард 26-аздзыд чызг

Ивгъуд суткæмæ Дзæуджыхъæуы æрцыд цыппар фæндаггон фыдбылызы. Фæмард дзы дыууæ адæймаджы. Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы знон, рог машинæ «Лада-Приорæ»-йыл цæугæйæ, шофыр скъуырдта дыууын æхсæзаздзыд чызг

Ивгъуд суткæмæ Дзæуджыхъæуы æрцыд цыппар фæндаггон фыдбылызы. Фæмард дзы дыууæ адæймаджы. Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы знон,
рог машинæ «Лада-Приорæ»-йыл цæугæйæ, шофыр скъуырдта дыууын
æхсæзаздзыд чызг Икъаты Кристинæйы. Кæд æмæ фистæгæйцæуджыты сæрмагонд
бынаты хызти фæндаджы сæрты, уæддæр ын машинæйы хицау Сиукъаты Патæ
фæндаг нæ радта, æмæ нæ баурæдта. Ныр хъуамæ уголовон æмæ
административон æгъдауæй баййафа æфхæрд.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania