филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:55 пятница, 11 июля 2025
09 июня 2014, 17:25
Дзæуджыхъæуы Гугкайы-фырты уынджы, 38-æм скъоламæ хæстæг, урс жигулийы 9-æм моделы шофыр скъуырдта сылгоймаджы дыууæ сывæллонимæ

Фæндаггон фыдбылызы хъыгдард баййæфта 6 мæйдзыд сывæллон. Уый рахауди коляскæйæ, æмæ ныццавта йæ сæр. Шофыр фыдбылызы бынатæй алыгъд. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сылгоймаг фæндаджы сæрты хызт, кæм не мбæлы, уыцы ран.

Дзæуджыхъæуы Гугкайы-фырты уынджы, 38-æм скъоламæ хæстæг, урс жигулийы 9-æм моделы шофыр скъуырдта сылгоймаджы дыууæ сывæллонимæ
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты ма æрцыд иу фæндаггон фыдбылыз. Дзæуджыхъæуы Гугкайы-фырты уынджы, 38-æм скъоламæ хæстæг, урс жигулийы 9-æм моделы шофыр скъуырдта сылгоймаджы дыууæ сывæллонимæ. Фæндаггон фыдбылызы хъыгдард баййæфта 6 мæйдзыд сывæллон. Уый рахауди коляскæйæ, æмæ ныццавта йæ сæр. Шофыр фыдбылызы бынатæй алыгъд. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сылгоймаг фæндаджы сæрты хызт, кæм не мбæлы, уыцы ран. 
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сидынц, ацы цауæн æвдисæн чи уыд, уыдонмæ. Цæмæй бæлвырддæр хабæрттæ фехъусын кæной ахæм телефоны номыртæй: 52-25-92 æмæ 59-22-09.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania