филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:47 вторник, 16 декабря 2025
30 октября 2012, 15:11
Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой æппæтадæмон зонадон конференцийæн

Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой æппæтадæмон зонадон конференци «Культурæты диалог нациты хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæныны иу хуыз»-æн.

Конференцийы архайджытæ аргъ скодтой æппæт докладтæн, сбæрæг кодтой ахсджиагдæр фарстатæ.

Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой
æппæтадæмон зонадон конференци «Культурæты диалог нациты хсæн
ахастдзинæдтæ фидардæр кæныны иу хуыз»-æн.

Конференцийы архайджытæ аргъ скодтой æппæт докладтæн, сбæрæг кодтой ахсджиагдæр фарстатæ.

Сæ иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсейы
Федераци фидар демократон паддзахад уыдзæн, нæ бæстæйы цы адæмы хæттытæ
цæрынц, уыдоны граждайнаг зондахаст иухуызон куы уа, уæд. Ахуырад та
хъуамæ канд зонындзинæдтæ ма дæтта, фæлæ ма куыд цæуа хъомыладон куыст,
сæрмагондæй та алы адæмты хсæн лымæн ахастдзинæдтæ куыд парахат кæной.
Æппæт уыцы фарстатæ иумæ сты паддзахады æдасдзинады æмæ йæ райрæзты
нысан.

Конференцийы разамонæг, Шолоховы номыл
Мæскуыйы университеты профессор Наталья Котовчихина зæрдæ бавæрдта, ацы
фарстаты фæдыл доклад кæй бакæсдзæн Æхсæнадон палатæйы, уымæй.

Конференцийы ма æрныхас кодтой
политикон, барадон, экономикон, социалон æмæ культурон фарстатыл, стæй
нациты хсæн гуманитарон æмгуыстадыл. Стыр æргом здæхт æрцыд алы
адæмыхæттыты æвзæгты хсæн ахастдзинæдтæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania