филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:06 понедельник, 08 июля 2024
29 августа 2014, 11:33
Дзæуджыхъæуы историйы музейы байгом цæгатирыстойнаг нывгæнæг Георгий Арутюновы куыстыты равдыст

Алы жанрты конд нывтæ се ппæты дæр дисы æфтауынц. Уыимæ алыхуызон сты сæ кондмæ æмæ сæ сюжеттæм гæсгæ.

73973
Алы жанрты конд нывтæ се ппæты дæр дисы æфтауынц. Уыимæ алыхуызон сты сæ кондмæ æмæ сæ сюжеттæм гæсгæ. Автор куыд зæгъы, афтæмæй уарзы йæхи алы хуызты фæлварын, ног ахорæнтæ агурын. Æрбацæуджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй алы нывы дæр зыны авторы миддуне, йе нкъарæнтæ, йæ цæстæнгас, дунейы цы цаутæ цæуы, уыдонмæ. Георгий Арутюнов бирæ азты зары Кокойты Агуындæйы камерон хоры. Нывкæнынадмæ рагæй тырны æмæ ныр йæ бæллиц сæххæст. Ацы равдыст ын у фыццаг. Йæ циныл бацин кæнынмæ æрбацыдысты йе *мбæлттæ, йæ бирæ зонгæтæ, аивадон архайджытæ, зарæггæнджытæ æмæ музыканттæ. Йæ нывтæй уæлдай ма Георгий Арутюнов æрбацæуджыты зæрдæтæ барухс кодта йæ зарджытæй дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania