11 июня 2014, 11:24
Дзæуджыхъæуы кусын райдыдта фæсивæдон форум «Кавказ абон æмæ райсом: фæсивæды `хсæн æргом диалог»
Арæзт æрцыд республикæйы фæсивæдон парламенты хъæппæрисæй. Форуммæ æрбахуыдтой уазджыты Цæгат Кавказы республикæтæй, чырыстон æмæ пысылмон динты минæвæртты, ахуыргæндты Мæскуыйæ.

Арæзт æрцыд республикæйы фæсивæдон парламенты хъæппæрисæй. Форуммæ æрбахуыдтой уазджыты Цæгат Кавказы республикæтæй, чырыстон æмæ пысылмон динты минæвæртты, ахуыргæндты Мæскуыйæ. Æркастысты дины æмæ æхсæнадон-политикон царды ахсджиагдæр фарстатæм. Ацы темæйыл сæрмагонд доклад бацæттæ кодта историон наукæты доктор, Скæсæйнаг бæстæтæ иртасæн институты директор Виталий Наумкин. Куыд загъта, афтæмæй ахæм форумтæн стыр ахадындзинад ис. Ахъаз сты Кавказы фæсивæды `хсæн хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæныны хъуыддаджы. Форумы куыст ахæсдзæн 2 боны.

темæмæ гæсгæ