08 ноября 2012, 09:38
Дзæуджыхъæуы лифты шахтæйы фæмард адæймаг
Цалцæггæнæн куыстытæ расайдтой фыдбылызмæ. Дзæуджыхъæуы лифты шахтæйы фæмард адæймаг. Æвирхъау цау æрцыд знон.
Шмулевичы уынджы 9-уæладзыгон хæдзары трос атыдта æмæ лифт хауын райдыдта.
Цалцæггæнæн куыстытæ расайдтой фыдбылызмæ. Дзæуджыхъæуы лифты шахтæйы фæмард адæймаг. Æвирхъау цау æрцыд знон.
Шмулевичы уынджы 9-уæладзыгон хæдзары
трос атыдта æмæ лифт хауын райдыдта. Уыцы рæстæг шахтæйы уыдис адæймаг.
Дигорайы цæрæг, 43-аздзыд нæлгоймаг кусæг къордимæ архайдта лифт
баивыныл.
Цалцæггæнджытæ куыстой 2 къуырийы бæрц.
Нæлгоймаг цы цæфтæ райста, уыдонæй фæмард. Æнæнхъæлæджы цауты министрады
кусджытæ бынатмæ фæзындысты æвæстиатæй. Æмбæлгæ мадзæлттæ сæххæст
кодтой.
Ныртæккæ уавæр сбæлвырд кæныны тыххæй цæуы слест.
темæмæ гæсгæ