филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:03 понедельник, 15 декабря 2025
04 марта 2014, 17:09
Дзæуджыхъæуы, Мæскуыйаг æмæ Барбашовы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым 20 тоннæйы уæзы КАМаз скъуырдта 35-æм маршрутон такси

Бадти дзы 9 бæлццоны, уыдонæй иу 6-мæйдзыд сывæллон. Се ппæт дæр тагъдæххуысы машинæйæ æрвыст æрцыдысты республикон клиникон рынчындонмæ. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаггон фыдбылызы бахауджыты цардæн тæссаг нæу. Стæг саст дзы не рцыд, фылдæр лыгтæ фесты. 6-мæйдзыд сывæллон æмæ йæ мад ныртæккæ сты сæхимæ, иннæты дæр рынчындоны нæ баурæдтой.

Дзæуджыхъæуы, Мæскуыйаг æмæ Барбашовы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым 20 тоннæйы уæзы КАМаз скъуырдта 35-æм маршрутон такси.

Бадти дзы 9 бæлццоны, уыдонæй иу 6-мæйдзыд сывæллон. Се ппæт дæр тагъдæххуысы машинæйæ æрвыст æрцыдысты республикон клиникон рынчындонмæ. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаггон фыдбылызы бахауджыты цардæн тæссаг нæу. Стæг саст дзы не рцыд, фылдæр лыгтæ фесты. 6-мæйдзыд сывæллон æмæ йæ мад ныртæккæ сты сæхимæ, иннæты дæр рынчындоны нæ баурæдтой.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæндаггон фыдбылыз æрцыд маршрутон таксийы аххосæй, уый хъуамæ фæндаг радтаид уæзласæн машинæйæн, фæлæ фæлтæрдджын шофыр æнхъæлдта, æмæ йæ КАМаз нæ баййафдзæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania