филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:38 пятница, 17 мая 2024
26 марта 2013, 17:31
Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы 44-æм æмæ 46-æм хæдзæртты хсæн ныр 19 азы лæууы æрдæгарæзт бæстыхай

Уый аххосæй быннаг уæладзгуыты фатерты къултæ схъуына сты. Цæрджыты тыхсын кæны бæстыхайы уавæр – рауадис дзы бырондон, æрæх дзы æрæмбырд вæййынц æнæхæдзар адæм дæр.

Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы 44-æм æмæ 46-æм хæдзæртты хсæн ныр 19 азы лæууы æрдæгарæзт бæстыхай. Уый аххосæй быннаг уæладзгуыты фатерты къултæ схъуына сты. Цæрджыты тыхсын кæны бæстыхайы уавæр – рауадис дзы бырондон, æрæх дзы æрæмбырд вæййынц æнæхæдзар адæм дæр. Цæрджытæ сæ хъаст алы рæттæм дæр бахастой, фæлæ сын бæлвырд дзуапп ныридæгæн ничи радта.

Джиголаты Эльвирæ ацы хæдзары цæры 14 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй къултæ кæнынц хъуына. Уыимæ ма хæдзары æппынæдзух кæны æнахуыр æвзæр тæф. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ ахæм уавæры аххосаг у, бирæуæладзыгон хæдзары цур ныр 19 азы кæй ис æрдæгарæзт бæстыхай. Йæ сыхаг Тадтаты Ритæ дæр хъаст кæны, ахæм уавæрты цæрын сæ бон нал у, зæгъгæ.

Тадтаты Ритæ: «Дон нæм кæлы, æз 6-æм уæладзыджы цæрын æмæ нæм хъуынайæ бацæуæн нæй. Нæ къултæ сау-сауид сты. Алкуыдæм дæр фыссæм, алы хицауады дуар дæр хойæм, æмæ нын ничи ницы кæны. Æртæккæ мæнæ ацы теракты хъуыддæгтæй адæймаг тæрсы æмæ уырдæм бацæуын æмæ дхзы исты юавæрын, уый стыр диссаг нæу. Кæннод æй аразгæ скæнæд, кæннод та уæй акæнæд, исты йын кæнæд, цæмæй мах сулæфæм – нæ сывæллæттæ дæр, нæ хæдзары цæрджытæ дæр, уымæн æмæ махæн йезмæлыны фадат нæй».

Ацы уавæр тыхсын кæны Мæскуыйаг уынджы 44-æм æмæ 46-æм хæдзæртты цæрджыты. Æрдæгарæзт бæстыхайы сæрыл цы дон æрæмбырд вæййы, уый фæстæдæр фæтæдзы хæдзæртты къултыл æмæ афтæмæй схъуына сты. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ ма æдзæллаг бынаты æрæмбырд вæййынц фæсивæд æмæ фæназынц карз нозт. Арæх се хсæн рауайы хуылтæ дæр.

Арæзтады фæзуат у 140 квадратон метры. Æрдæгарæзт бæстыхай лæууы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары æхсæн. Арæзтад куы цыд, уæд æххæстгонд не рцыдысты зынгсирвæзтыты æдасдзинады домæнтæ. Æмæ æнæхъæлæджы цауы рæстæг, зынгхуыссынгæнæн машинæйæн хæдзармæ бацæуынæн фадат нæ уыдзæн. Уый та тæссаг у уæззау фæстиуджытæй, тыхсынц цæрджытæ.

Цæрджытæ сæ хъаст бахастой алы рæттæм. Фæлæ сын бæлвырд дзуапп ничи радта. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй сын ацы фарста æнæзонгæ нæу. Æмæ йæ ауварс кæныныл дæр куыстой.

Касаты Руслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы административон-техникон инспекцийы управленийы сæйраг специалист-архитектор: «Арæх нæм цæрджытæ сæ хъаст арбахæссынц. Нæ испектортæ цалдæр хатты скодтой административон хъуыддæгтæ. Ныртæккæ та æмбырд кæнæм гæххæттытæ, æмæ сæ бадæтдзыстæм тæрхондонмæ, цæмæй бæстыхай банывыл кæной».

Мæскуыйаг уынджы микрорайоны æдзæллаг бæстыхай ис «Кавказэлектронстрой»-ы бæрны. Йæ хицау, Цъæхилты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй 19 азы фæстæ арæзтад кæронмæ ахæццæ кæндзысты.

Цъæхилты Феликс, æхгæд акционерон æхсæнад «Кавказэлектронстрой»-ы директор: «Фыццаг хатт хъусын, адæмæн сæ хæдзæртты къултæ кæй схъуына сты, уый. Майы арæзтад райдайдзыстæм, æмæ цыппар мæйы фæстæ хъуамæ фæуæм».

Цалдæр мæйы фæстæ ам уыдзæн дукани, зæрдæ бавæрдта Цъæхилы Феликс. Фæлæ æрдæгарæзт бæстыхай адæмæн цы зиан æрхаста, æмæ сын сæ хæрдзтæн чи бафиддзæн, уымæй дзуаппдæттæг нæй.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania