филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:01 понедельник, 13 мая 2024
11 марта 2013, 11:35
Дзæуджыхъæуы медицинон тагъдæххуысы станцæ бабæрæг кæндзæн сæрмагонд къамис

Йæ хæс у, шофыртæ сæ куыст цæй тыххæй баурæдтой, уый сбæрæг кæнын.

Йæ хæс у, шофыртæ сæ куыст цæй тыххæй баурæдтой, уый сбæрæг кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 8-æм маръийы шофыртæ бадомдтой, цæмæй сын сæ мызд фидой æнæхъæнæй æмæ афойнадыл, стæй сын радтой, цы ‘хца ма сæ дарынц, уый. Уымæй уæлдай ма хъаст кодтой, машинæтæ сæхи хардзæй кæй цалцæг кæнынц, стæй фæллойадон бадзырдтæ æгъдаухæлдтытимæ кæй аразынц, уый тыххæй. Шофыртимæ фембæлыдысты горæты бынæттон администрацийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон политикæйы управленийы сæргълæууæг Фидараты Эльбрус æмæ нæ республикæйы медицинон фæдзæхстады хайады хицау Томайты Таймураз. Уыдон сын зæрдæ бавæрдтой, сæ фарстатæ тагъд рæстæджы лыггонд кæй æрцæудзысты, уымæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania