09 апреля 2014, 12:47
Дзæуджыхъæуы муниципалон клуб «Барс»-ы æвзонг футболисттæ рамбылдтой Краснодары крайы футболон Федерацийы Кубок
Сæйраг призæй уæлдай ма нæ лæппутæ сластой æртæ æхсызгон хæрзиуæджы дæр. Ерысты хуыздæр размæбырсæгыл, хъахъхъæнæгыл æмæ
Сæйраг призæй уæлдай ма нæ лæппутæ сластой æртæ æхсызгон хæрзиуæджы дæр. Ерысты хуыздæр размæбырсæгыл, хъахъхъæнæгыл æмæ дуаргæсыл нымад æрцыдысты цæгатирыстойнаг футболисттæ: Хуыгаты Умар, Хъараты Таймураз æмæ Дзампаты Артур. Иуæндæс азы кæуыл цæуы, уыцы спортсменты турнир арæзт æрцыд Кабардинкæйы поселочы. Дзæуджыхъæуккаг футболисттæ æхсæз хъазтæй рамбылдтой фондз. Бакъуырдтой 12 голы, сæхицæн та сын бакъуырдтой цыппар. Лæппуты тренер у Æгайты Алан.
темæмæ гæсгæ




