филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:16 воскресенье, 29 сентября 2024
10 января 2013, 09:22
Дзæуджыхъæуы наукон клуб «Вершина»-йы скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азы куыстæн

Йæ архайджытæ сты аспиранттæ, студенттæ, скъоладзаутæ, стæй наукон архайд цымыдисдзинад кæмæй гуырын кæны æмæ дзы архайын кæй фæнды, ахæм адæм.

Йæ архайджытæ сты аспиранттæ, студенттæ, скъоладзаутæ, стæй наукон архайд цымыдисдзинад кæмæй гуырын кæны æмæ дзы архайын кæй фæнды, ахæм адæм.

Æмбырды ныхас цыд афæдзы дæргъы цы куыст бакодтой, ууыл. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй кæд клубы равзæрдыл дыууæ азы йедтæмæ нæма цæуы, уæддæр йæ архаджыты нымæц чысыл нæу – ис дзы 100 адæймаджы. Уæвгæ, иугонды куысты нысан у – наукæ парахат кæнын. Йæ хъуыдытæ зæгъыны фадат ис алкæмæн дæр, зæгъын клуб аразджытæ. Фыццаг хъуыдымæ гæсгæ фæнд кодтой æрмæст техникон наукæтыл ныхас кæнын. Фæлæ архайды рæстæг куыд рабæрæг, афтæмæй адмæн цымыдисаг сты алыхуызон темæтæ. Æмæ ныр наукон клубы архайджыты сæ фембæлдты æрдзурынц куыд техникон наукæтыл, афтæ ма суанг экономикæ æмæ социологийы фарстатыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania