Ирыстоны истори æмæ культурæ иртасыны хъуыддагæн цы æхца радих кæнынц, уый у республикæйы социалон-гумманитарон иртæстыты институты бюджеты ахадгæ хай.
Институтæй сараздзысты Уæрæсейы наукæты академи
уый у республикæйы социалон-гумманитарон иртæстыты институты бюджеты
ахадгæ хай.
Институтæй сараздзысты Уæрæсейы наукæты академи. Ныр та уал архайы Цæгат
Ирыстоны къазнайы æххуысæй. Æхцайы фылдæр хай исынц «Ирыстоны истори
æмæ культурæ алывæрсыгæй иртасыны» нысанон программæмæ гæсгæ. Кусы æртæ
азы. Программæйы хатдзæгтыл ныхас цыд Дзæуджыхъæуы наукон центры
æмбырды. Раиртæстой традицион культурæ, археологон æмæ этнографион
гуырæнтæ. Ног информаци мыхуыргонд æрцыд 263 наукон куысты. Институты
разамынд республикæйы хицауадмæ арвыста курдиат, 2013-æм 2017-æм азтæн
куысты ног программæ сфидар кæныны тыххæй. Президиумы æмбырды ма ныхас
цыд наукон – иртæстыты проектты конкурсты архайыны фарстатыл дæр.




