Дзæуджыхъæуы æхсæнадон совет, бирæсывæллонджын бинонты æппæтуæрæсеон организацийы цæгатирыстойнаг хайад, æрдзхъахъхъæныны æхсæнад æмæ горæты цæрджытæ цъæхфæлысты
Ацы экологон акцийы ма архайдтой бирæсывæллонджын бинонтæ Владивостокæй. Уыдон дæр сæ горæты ныссагътой талатæ. Бирæсывæллонджын бинонтæ фæсидтысты Уæрæсейы иннæ горæтты цæрджытæм, цæмæй сæхимæ саразой ахæм акцитæ.
Æлборты Иван, Дзæуджыхъæуы æхсæнадон советы уæнг: «Æрæмбырд сты бирæ сывæллæттæ кмæн ис, уыцы фæсивæд. æмæ уыцы хъуыддаджы алчидæр архайы, цæмæй райсомы бон горæты цъæх арæзтад фæхуыздæр уа, уый тыххæй».
Кочиты Георгий, акцийы архайæг: «Нæ бон куыд уыди, афтæ балæггад кодтам, фæйнæ бæласы ныссагътам. уый та ууыл дзуры æмæ сывæллæттæ дæр уарздзысты æрдз, æрдзмæ хæстæгдæр уыдзысты. Ахæм акцитæ афæстаг рæстæг фæфылдæр сты æмæ уый хорз у, цæмæй нæ горæт уа рæсугъд æмæ нæ сывæллæттæ уарзой сæ горæт».