15 июля 2014, 17:13
Дзæуджыхъæуы Пожарскийы уынджы абон байгом ног фæлладуадзæн бынат
Цалцæджы фæстæ Китайский фæзмæ хæстæг кусын райдыдта ног чысыл Доны станцæ. Алкæмæндæр дзы йæ бон у йæ фæллад суадзын зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Цад – найынмæ, бассейнтæ сывæллæттæн, кæй фæнды – уымæн йæ бон у бæлæгътыл æмæ катамарантыл ленк кæнын. Суанг ма дзы фадат ис кæсаг ахсынæн дæр.
Дзæуджыхъæуы Пожарскийы уынджы абон байгом ног фæлладуадзæн бынат.
Цалцæджы фæстæ Китайский фæзмæ хæстæг кусын райдыдта ног чысыл Доны станцæ. Алкæмæндæр дзы йæ бон у йæ фæллад суадзын зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Цад – найынмæ, бассейнтæ сывæллæттæн, кæй фæнды – уымæн йæ бон у бæлæгътыл æмæ катамарантыл ленк кæнын. Суанг ма дзы фадат ис кæсаг ахсынæн дæр.
Дзæуджыхъæуы Китайаг фæзы районы байгом ног фæлладуадзæн фæз. Ныр дзы нал ис быроны обæуттæ, фæзынди дзы аив къахвæндæгтæ æмæ бандæттæ. Ацы ранней раздæр иуфæрсты чи зылди, уыдон ныр сæ бинонтимæ ардæм цæуынц сæ фæлладуадзынмæ.
Сывæллæттæ æппæтæй тынгдæр цин кæнынц бассейнтыл. Уыдзæн дзы 3. Иу хистæртæн, дыууæ та – сабитæн. Сырх лент кадджын уавæры алыг кодтой вице-премьер Челæхсаты Рустем æмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы хæдивæг Зæнджиаты Чермен. Кæд боныхъæд асæст уыди, уæддæр уый сывæллæтты нæ бахъыгдардта, æмæ дзы хинайæн сезон байгом кодтой.
Стыр бассейн у 50 метры дæргъмæ, фæрсырдæм – 25, йæ арф у метр æмæ æрдæг. Йæ фарсмæ та ис цад. Кæсагахсджытæн æмæ фæлладуадздытæн у зæрдæмæдзæугæ бынат. Фæлæ дзы хинайæн нæй. Йæ быруйыл фыст ис хъусынгæнинаг, хи найæн дзы кæй нæй, уый. Ивар у – мин сомы. Бæрнон кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бассейн æппæт кусæнгæрзтæ æмæ сыгъдæггæнæнтимæ уыди 10 милуан сомы аргъ. Фæз бацæттæ кæнын, йæ алыварс саив кæнын, донцъирæнтæ, канализации æмæ иннæ хъуыддæгтæ дæр уыдысты 12 милуан сомы. Объектыл æдæппæтæй хардзгонд æрцыди 22 милуанмæ ввахс.
Фæлладуадзæн фæзы адæм æхсызгонæй сæ рæстæг æрвитдзысты, фæлæ сæйрагдæр та уый у, æмæ дзы адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй рад хæсдзысты дохтыртæ æмæ ирвæзынгæнджытæ. Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй фæлладуадзынæн хъуамæ адæм стыр æхцатæ ма фидой. Ног паркмæ бацæуæн ис лæвар. Фæлæ кæсаг ахсын æмæ бассейнтæй пайда кæнынæн хъæудзæн фидын.
Спортивон – дзæбæхгæнæн комплексы арæзтад райдыдта ивгъуыд азы кæрон, зымæджы. Нырма дзы куыстытæ бирæ ис. Æрмæст фæлладуадзæн фæз нæу, фæлæ бизнесы райрæзт дæр. Ныридæгæн дзы сæвæрдтой адджын дæттæ æмæ рог хæринæгтæ кæм уæй кæндзысты, ахæм палаткæ.
Ацы фæз кæндзæн уæрæхдæр. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй дзы уыдзæн теннисæй, волейболæй æмæ футболæй хъазыны фæзтæ.
темæмæ гæсгæ




