филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:52 вторник, 16 декабря 2025
18 марта 2014, 11:37
Дзæуджыхъæуы протезтæ кæнæн ортопедон центры куыстæй чидæртæ разы не сты

Дзæуджыхъæуы протезтæ кæнæн ортопедон центр республикæйы у иунæг. Куы равзæрд, уæдæй нырмæ иу æмæ дыууæ адæймагæн нæ балæггад кодта. Æмгуыстад кæны фæсарæйнаг куыстуаттимæ дæр.

Дзæуджыхъæуы протезтæ кæнæн ортопедон центры куыстæй чидæртæ разы не сты
Дзæуджыхъæуы протезтæ кæнæн ортопедон центр республикæйы у иунæг. Куы равзæрд, уæдæй нырмæ иу æмæ дыууæ адæймагæн нæ балæггад кодта. Æмгуыстад кæны фæсарæйнаг куыстуаттимæ дæр. Фæлæ ис ахæм адæм æмæ протезтæ æндæр республикæйы скæнын хуыздæр кæмæ кæсы.

Лалыты Лев у фыццаг къæпхæны инвалид. Фæлæ йæ бон у кусын æмæ бинонты дарын, машинæ тæрын. Æрмæст гыццыл къуылых кæй цæуы, уымæй бæрæг у цæнкуыл кæй у, уый. Йæ къæхты бæсты йын ис протезтæ. Скодтой йын сæ Налцыччы. Бынæттон специалисттыл не ууæнды.

Лалыты Лев, фыццаг къæпхæны инвæлид: «Ам кæдон скодтон, нæхимæ, уыдоны цæуын нæ, фæлæ мæ бон стын дæр нæ бацис. Уæд ма мæ зæронд протезтæ мæхи хардзæй сцалцæг кодтон æмæ Налцыкмæ ацыдтæн. Уым мын сæ скодтой мæхи хардзæй æмæ сыл абон дæр цæуын».

Цæгат Ирыстоны протезтæ аразынц ортопедон центры. Ам равдыстой Лалыты Левы медицинон картæ. Фæстаг хатт ын протезтæ скодтой 2006-æм азы, фæлæ уæдæй нырмæ сæ куысты бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Центры специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сыхаг республикæимæ абаргæйæ размæ зынгæ акъахдзæф кодтой.

Вера Викулина, ортопедон центры медицинон хайады разамонæг: «Мах нæ куыстмæ бирæ ногдзинæдтæ хæссæм æмæ мæнмæ гæсгæ Лалыты Левæйы аиппдзинадæн бындур нæй. Фыццаджы дæру ал махимæ аныхас кодтаит æмæ нæ бафарстаит цæмæн афтæ у, Цæмæн нæ куыстмæ уайдзæф хæссы».

Цæмæй гуырысхо ма кæнæм, уый тыххæй нын равдыстой ног протезты хуызтæ. Центр æмгуыстад кæны америкаг, япойнаг æмæ англисаг кусæндæттимæ. Протезтæ самал кæнынц социалон фæдæхстады Фонды руаджы. Йæ разамонæг Айларты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй протез кæй фæхъæуы, уый йæхæдæг равзары, кæм йын æй самал кæнæм, уыцы бæстæ. Æмæ кæд исчи разы нæ уа ортопедæй, уæд йæ бон у, æндæр центрмæ ацæуын.

Айларты Зæлинæ, социалон фæдзæхстады Фонды регионалон хайады сæргълæууæг: «Куы райсат «Индивидуальная программа реабилитации» уæд махмæ æрбацæудзыстут ныффысдзыстут куырдиат æмæ зæгъдзыстут æ зам нæ кæнын протез, фæлæ Уæрæсейы. Уырдæм ацæудзынæн æмæ уын схæсдзынæн гæххæттытæ æмæ мын сæ ратдзыстут фæ».

Протезтæ ивын хъæуы алы 2 азы дæр. Уый та цæнкуыл адæмæн æнцон хъуыддаг нæу. Къамисы ацæуын, сæрмагонд гæххæттытæ æрæмбырд кæнынæн сæ бахъæуы цалдæр боны, фæлæ уый у Федералон закъоны домæн.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania