Йæ байгом кæныны кадджын мадзал абон уыд Намысы Мемориалы. Архайдтой дзы республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан, 58-æм æфсады разамынд, ветерантæ. Дидинджытæ сæвæрдтой Æнусон арты цур.
Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты скъоладзаутæ сæхи фæлварынц æфсæддон дисциплинæты. Финалы хъуамæ равдисой сæ арæхстдзинад хæцæнгарзимæ архайынæй, рæгътæй раст цæуынæй, истори зонынæй.
Кæронбæттæн къæпхæнмæ бахæццæ сты хуыздæртæ. Ерыс кæндзысты 3 боны. Æфсæддон-патриотон хъазт арæзт у Уæлахизы 69 азы кадæн. Йæ саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йын ис стыр ахуырадон æмæ хъомыладон нысаниуæг.
Гулуты Хизир, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Ахæм мадзæлттæ хъæуынц, уымæн æмæ фæсивæды хорщ ахуыр кæнынц. Макуы уал нæ бахъæуæд нæ бæстæ хъахъхъæнын, лæппуты ма бахъæуæд хæцæнгарз райсын. Фæлæ хъуамæ уой цæттæ æфссæддон æмæ хæстон службæмæ. Стыр бузныг ацы мадзал чи сарæзта, уыдонæн».




