филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 понедельник, 15 декабря 2025
23 апреля 2014, 17:11
Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсейон спортивон турниры республикон къæпхæн скъоладзауты хсæн

«Президентон ерыстæ». Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсейон спортивон турниры республикон къæпхæн скъоладзауты хсæн. Ерысты программæйы сты куыд спортивон, афтæ

Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсейон спортивон турниры республикон къæпхæн скъоладзауты хсæн
«Президентон ерыстæ». Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтуæрæсейон спортивон турниры республикон къæпхæн скъоладзауты хсæн. Ерысты программæйы сты куыд спортивон, афтæ сфæлдыстадон æмæ теоретикон конкурстæ. «Президентон ерыстæ» цæуынц нæ бæстæйы алы регионты. Цæгатирыстойнаг къæпхæны та архайынц скъолаты æмæ муниципалон ерысты уæлахиздзаутæ. Ацы аз сты 10 командæйы Дзæуджыхъæуæй, Алагирæй, Æрыдонæй, Беслæнæй, Змейкæйæ, Архонкæйæ, Цыколайæ, Дур-Дурæй æмæ Цæлыккæй. Горæтаг æмæ хъæуккаг командæты уæлахиздзауты æвзардзысты хицæнæй. Сентябры та Анапæйы архайдзысты финалы.

Беджызты Зæринæ, Беслæны 2-æм скъолайы ахуырдзау: «Тынг нæ фæнды рамбулын æмæ ацæуын Анапæмæ. Нæхи тынг дзæбæх бацæттæ кодтам æмæ рамбулдзыстæм. Мæнмæ афтæ кæсы, уый тыххæй æмæ нæхи рагæй цæттæ кодтам. Зыдтам æй, ардæм æрбацудзыстæм æмæ мæ фæнды, цæмæй рамбулæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania