филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:24 пятница, 05 июля 2024
25 августа 2014, 12:37
Дзæуджыхъæуы райдыдта микрорайон «Ног горæт»-ы арæзтад

Æрбынат кæндзæн Æрхонæкæмæ фæндагыл, Московскийы æмæ Владивостокскийы уынгты хсæн цы фæзуат ис, уым.

73267
Æрбынат кæндзæн Æрхонæкæмæ фæндагыл, Московскийы æмæ Владивостокскийы уынгты хсæн цы фæзуат ис, уым.

Арæзтады фыццаг дур сæвæрдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Проектыл горæты разамынд куыста 3 азы дæргъы. «Ног горæт»-ы арæзт æрцæдзæн 500 мин квадратон метры цæрæн хæдзæрттæ æмæ 3 рæвдауæндоны, уыдзæн дзы скъола, парк, коммерцион нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бæстыхæйттæ. Ног микрорайоны сараздзысты стыр базарадон-хиирхæфсæн центр дæр – кинотеатртимæ, спортивон залтимæ æмæ дуканитимæ. Йæ проект арæзт æрцыд, 2013-æм азы Сочийы инвестицион форумы цы бадзырд фыст æрцыд, уый æххæст гæнгæйæ. Микрорайоны базарадон-хиирхæфсæн центр арæздзæн компани «Базарадон квартал». Йæ директор Михаил Кирсанов куыд загъта, афтæмæй комплексы саразынæн бахъæудзæн 5 миллиард сомæй фылдæр. «Ног горæт» Дзæджыхъæуы фæзындзæн 6 азы фæстæ.

Мамсыраты Таймураз, РЦИ-Аланийы сæргълæууæг: «Республикæйы адæмæн се рдæг ардæм æрбацыд. Уый рæдыддзинад уыдис. Фæлæ йæ иугæр йæ афоныл нæ бамбæрстам, уæд ныртæккæ фæнды дзур, фæнды ма, фæлæ уыдæттæм дæр дарддæр кæсæн нæй. Ахæм афтид рæттæ нал баззад, ай ма у, æмæ ныры онг куыд кодтам – хъæуа нæ хъæуа, абон мæ бон у, æмæ йæ кæнын, ис мæм æмæ йæ кæнын, уæд афтæмæй æнæхъолайæ баззайдзæн. Тынг раст бакодта горæты хицауад дæр. Скъола дæр дзы кæнын хъæудзæн, адæм кæм кусой. Уый дæр сын хъуамæ уа, æмæ уыдон ам нымад æрцыдысты, æмæ уый тынг раст уыдзæн. Зæхх нæм нал баззадис, æмæ алы зæххы метр дæр хъуамæ хъуыдыгæнгæйæ кæнæм, æмæ фыццаг хатт æй афтæ кæнæм ам, æмæ мæн фæнды, цæмæй рауайа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania