филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:00 вторник, 14 мая 2024
21 февраля 2013, 17:36
Дзæуджыхъæуы райдыдта республикон чемпионат боксæй

Ерыс кæндзысты цыппар къорды, æмæ афтæмæй æвзæрст æрцæудзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты архайджытæ.

Дзæуджыхъæуы райдыдта республикон чемпионат боксæй. Цыппар бонмæ спорты галуан «Манеж» – ы рингмæ рацæудзæн 380 спортсмены.

Ерыс кæндзысты цыппар къорды, æмæ афтæмæй æвзæрст æрцæудзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты архайджытæ. Фыццаг уал ерыстæм ацæудзысты кæстæр кары спортсментæ. Турнир райдайдзæн 26-æм мартъийы Налцыччы. Сæ тренерты хъуыдымæ гæсгæ сæ тренировкæтæ кæнын хъæуы иу мæй æмæ `рдæг. Уымæ гæсгæ ма сын рæстæг ис. Фыццаг бынат бацахсыны ерысты та архайдзысты æрмæстдæр уæлахиздзаутæ. Уым тох кæндзысты, Æппæтуæрæсеон ерысты архайыны бар райсыныл. Æппæтæй кæстæр боксертæй иу у Борис Карибян. Афæдз æмæ `рдæгмæ йæ 15 ныхмæлæууæгæй фæуæлахиз цыппæрдæсыл. Æмæ ныр йæ зæрдæ дары Цæгат Ирыстоны иугонд командæмæ хаст кæй æрцæудзæн, ууыл.

Дзæгъойты Игорь, дунеон къласы спорты мастер боксæй: «Хуссар Ирыстонæй дæр нæм æрцыд боксертæ. Афтæмæй дыууæ республикæйы спортсменты фæлтæрддзинад кæны хуыздæр. Ацы чемпионаты дæр нæ зæрдæ бирæтыл дарæм. Се `ппæты нæма федтам, фæлæ дзы ис арæхстджынтæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania