11 января 2013, 12:10
Дзæуджыхъæуы райдыдта скъоладзауты æппæтуæрæсейон Олимпиадæйы регионалон къæпхæн
Абон дзы англисаг æвзаг зонынæй архайдта 87 ахуырдзауы.
Абон дзы англисаг æвзаг зонынæй архайдта 87 ахуырдзауы. Цæмæй дыккаг турмæ рацæуой, уый тыххæй сæ хъæуы 50 баллæй фылдæр райсын. Олимпиадæмæ хаст æрцыд 20 предметы. Æдæппæтæй дзы республикæйы скъолатæй архайы 1300 адæймаджы. Уæлахиздзаутæ `рвыст æрцæудзысты Уæрæсейы Олимпиадæмæ. Зонындзинæдты ерыс цæудзæн 2-æм февральмæ.
темæмæ гæсгæ




