филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 среда, 17 декабря 2025
02 февраля 2018, 16:16
Дзæуджыхъæуы, рацарæзты фæстæ, презентаци скодтой иуæндæсæм трамвайæн

Фарон августы ЦУМы раз чи басыгъд, уыцы вагон цалцæг кодтой дыууæ мæйы. Куыстой йыл 6 адæймаджы. Бригад баивта механизмы сæйраг хæйттæ, сæвæрдта дзы ног бандæттæ.

Дзæуджыхъæуы, рацарæзты фæстæ, презентаци скодтой иуæндæсæм трамвайæн
Ног трамвайтæн – уæрæх фæндаг. Дзæуджыхъæуы, рацарæзты фæстæ, презентаци скодтой иуæндæсæм трамвайæн.
Фарон
августы ЦУМы раз чи басыгъд, уыцы вагон цалцæг кодтой дыууæ мæйы.
Куыстой йыл 6 адæймаджы. Бригад баивта механизмы сæйраг хæйттæ, сæвæрдта
дзы ног бандæттæ. Ныр вагоны ис ног рудзгуытæ, пъолыл байтыдтой фидар
æрмæг. Уымæй дарддæр трамвай сифтонг кодтой, маршрут æвдыст кæм цæудзæн,
ахæм электрон таблойæ, æмæ ма дзы хъусын кæндзысты æрлæууæн бынæтты
тыххæй дæр. Рацарæзтыл схардз кодтой 700 мин сомы. Бахастой сæ
спонсортæ, æнæ горæты бюджеты фæрæзтæй. Апрелы райдианмæ нысан кæнынц
12-æм трамвай сцалцæг кæнын. Æппæт куыстытæ та фæуынмæ хъавынц фидæны
аз. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис куы загъта,
афтæмæй ныртæккæ кусынц рельсытæ баивыныл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania