Æрæджы Дзæуджыхъæуы фæзындысты социалон рекламæйы баннертæ ирон æвзагыл. Сæ нысан у горæты цæрджыты `ргом мадæлон æвзагмæ раздахын. Фæлæ баннертæй иу уыдис рæдыдтытимæ фыст.
3 дзырдбасты 2 рæдыды. Ацы баннер дисы бафтыдта горæты цæрджыты. Бирæтæ сæ хъуыдытæ загътой социалон сайтты. Ам та бæрæг у, рæдыдтытæ кæй сраст кодтой, уый. Дзæуджыхъæуы администрацийы рекламæйы хайады зæрдæ бавæрдтой, ныр ацы фарстамæ лæмбынæгдæр цæстдард кæй уыдзæн, уымæй.
Хабæты Константин, Дзæуджыхъæуы администрацийы рекламæйы хайады хицау: «Иу рæдыд дзы уыдис. Ныр рекламæ цæттæгæнгæйæ æххуысмæ дзурдзысты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæм. Мæнмæ гæсгæ нал уыдзæн ахæм хабар».
Ирон æвзагыл социалон рекламæ Дзæуджыхъæуы фæзынд афæдзы райдиан бынæттон администрацийы хъæппæрисæй. Ныртæккæ горæты уынгты ис 7 баннеры. Скъола «Диалог»-ы ирон æвзаджы ахуыргæнæг æмæ мадæлон æвзаг ахуыр кæныны чингуыты автор Саламаты Лидæ ацы ногдзинад хорзыл нымайы. Куыд зæгъы, афтæмæй рекламæ адæмы зондахастыл тынг ахады, æмæ уымæ гæсгæ лæмбынæг кусын хъæуы.
Саламаты Лидæ, скъола «Диалог»-ы ирон æвзаджы ахуыргæнæг: «Æз мæхæдæг рæдыдимæ рекламæ куы фенин, уæд æм ме `ргом нал аздахин. Бæрнондæрæй хъæуы ацы хъуыддаг æххæст кæнын. Гæнæн ис, æмæ хъæуы сæрмагонд къамис. Уый бæлвырд кæнид рекламæ цæмæй раст уа, уый».
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдар Басаты Барис, горæты баннертæ кæй фæзынд, уыцы хъуыддагимæ бынтон разы нæу. Йæ хъуыдымæ гæсгæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн æндæр фæрæзтæй пайда кæнын хъæуы.
Басаты Барис, æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдар: «Ирон æвзаг адæймаг хъуамæ йæ хæдзары сахуыр кæна, фыццаджыдæр, бинонты `хсæн. Уый фæстæ та скъолайы, рæвдауæндоны, университеты, институты».
Рæдыдтытæ, æрмæст рекламæйы куыст чи кæны, уыдон не скæнынц. Фенæн сæ ис иуæй-иу куыстуæтты табличкæтыл дæр. Вæййынц æрмæст орфографион нæ, фæлæ грамматиконтæ дæр. Ирон æвзагыл социалон баннертæ та ма Дзæуджыхъæуы ацы аз фæзындзæн ноджыдæр 10.
Горæты администрацийы рекламæйы хайады куыд загътой, афтæмæй уыдзысты иннæтæй цымыдисагдæр. Ныр баннерыл уыдзæн ныв, йæ фарсмæ та йын иронау ныффысдзысты йæ нысаниуæг.
Хъайтмазты Дзерассæ




