филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:21 вторник, 16 декабря 2025
08 апреля 2014, 16:45
Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цур теракт чи сарæзта, уыцы фыдгæнджытæн цы тæрхон рахастой, уый хъусын кæнын райдыдтой Ростовы

Æрмæг бирæ кæй у, стæй фыдбылызы бахауджытæ дæр бирæ кæй сты, уый тыххæй тæрхоны уынаффæтæ кæсдзысты дыууæ боны. Уголовон хъуыддаджы ис 576 томы, фыдбылызы бахауджыты

Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цур теракт чи сарæзта, уыцы фыдгæнджытæн цы тæрхон рахастой, уый хъусын кæнын райдыдтой Ростовы
Æрмæг бирæ кæй у, стæй фыдбылызы бахауджытæ дæр бирæ кæй сты, уый тыххæй тæрхоны уынаффæтæ кæсдзысты дыууæ боны. Уголовон хъуыддаджы ис 576 томы, фыдбылызы бахауджыты нымæц та хæццæ кæны 600 адæймагæй фылдæрмæ. Теракт саразджытимæ сты, фыдракæнд саразджыты сæргълæууæгæй кæуыл фæгуырысхо сты, уый æмæ йе `мбæлттæ. Æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй горæты сарæзтой æппæт мадзæлттæ дæр. Сæрдариуæггæнæг æмæ тæрхондоны зал цæуынц хъахъхъæд. Фыдгæнджытæм та сæ цæст дарынц 6 барадхъахъхъæнæджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм. 2010-æм азы 9-æм сентябры Дзæуджыхъæуы сæйраг базары цур срæмыгъта автомашинæ «Волгæ». Бадтис дзы террорист. Рæмудзæн æрмæджы тых хæццæ кодта тротилы 40 килограммæ. Фыдракæнды фæмард ссæдз адæймаджы, уыдонимæ фыдгæнæг дæр. 200 адæймагæй фылдæр та цæфтæ фесты.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania