филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:56 пятница, 17 мая 2024
19 апреля 2013, 14:32
Дзæуджыхъæуы, Сабырдзинады проспекты фæзынд лæвар интернет

Конд у вай-фай технологи кæй хонынц, уымæ гæсгæ. Проект æххæсгонд æрцыд Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй. Интернет-бастдзинад кусы компани Глобал-Аланийы руаджы.

Конд у вай-фай технологи кæй хонынц, уымæ гæсгæ. Проект æххæсгонд æрцыд Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй. Интернет-бастдзинад кусы компани Глобал-Аланийы руаджы. Горæты цæрджытæн стæй уазджытæн сæ бон пайда кæнын у райсомы 8 сахатæй изæры 10 сахатмæ. Мобилон фæрæзтæй пайда кæнгæйæ хъæуы регистраци скæнын æмæ чырæ хæтæлы номыр бафыссын. Уырдæм æрбацæудзæн хъусынгæнинаг сæрмагонд кодимæ. Уый руаджы бацæуæн ис иумæйаг интернет бастдзинадмæ æмæ афтæмæй пайда кæнын фæрæзæй. Вай-фай куыд кусы, уый бæрæг кодтой 1-æм апрелæй нырмæ. Бон-иу пайдагæнджыты нымæц уыд 2 мин адæймаджы бæрц. Зæгъын хъæуы уый, æмæ проект æххæстгæнджытæ сæ цæст дарынц, цæмæй вай-файы руаджы сывæллæттæн сæ бон пайда кæнын ма уа, знаггад сын цы сайттæ æрхæссой, ахæмтæй.

Гахаты Данел, РЦИ-Аанийы бастдзинады æмæ информацион технологиты комитеты сæрдары хæдивæг: «Абон нæ горæты проспекты байгом вай-фай интернет кæй хонынц, уыцы бастдзинады фæрæз. Уыдзæнис лæвар, проспекты цы адæм улæфой, нæ горæты уазджытæн. Чи дзы пайда кæна, уыдон фылдæрæй фылдæр кæндзысты, æмæ кусджытæ цæттæ сты. Сæ архайдмæ кæсдзысты æмæ дзы хъкъуылымпыдзинæдтæ хъуамæ ма уа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania