30 июня 2014, 11:46
Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой Олимпиадæйы æппæтадæмон бон
Хъесайы фырты уынджы Терчыбыл арæзт æрцыдысты ерыстæ. Спортсментæн раарфæ кодтой фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасан æмæ Олимпаг
Хъесайы фырты уынджы Терчыбыл арæзт æрцыдысты ерыстæ. Спортсментæн раарфæ кодтой фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасан æмæ Олимпаг хъæзтыты 3 хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Таймазты Артур. Уыдон фæнысан кодтой, Цæгат Ирыстонæн ацы бæрæгбон уæлдай ахсджиаг кæй у. Республикæйы 19 спортсмены систы олимпаг æмæ паралимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Ацы ерыстæ та сæрмагондæй баст уыдысты, Уæрæсе 22-æм зымæгон олимпаг хъæзтыты кæй фæуæлахиз, уыимæ. Архайдтой дзы республикæйы спортивон æхсæнадты æмæ скъолаты минæвæрттæ. Ерыс кодтой спорты 5 хуызæй – мини-футболæй, баскетболæй, армспортæй, рог атлетикæйæ æмæ бадминтонæй.
Цхуырбаты Константин, ерысты архайæг: «Мах стæм «Локомотивæй». Мæ зæрдæмæ тынг цæуы ам. Фыццаг хатт стæм ацы ерысты».
Хъыргъаты Данæ, ерысты архайæг: «Мах фыццаг хатт архайæм ацы ерысты. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы ам архайын. Мах базонгæ стæм бирæ фæсивæдимæ. Мæн фæнды, цæмæй арæхæй-арæхдæр ахæм бæрæгбæттæ цæуой».
темæмæ гæсгæ




