филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 понедельник, 15 декабря 2025
19 марта 2014, 16:56
Дзæуджыхъæуы семинары ныхас кодтой йæхиуыл йæ къух чи систа, уыцы фæсивæды хсæн профилактикæйыл

Æмбырд арæзт æрцыд республикæйы Мидхъуыддæгты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадты хъæппæрисæй. Семинары куыд загътой, афтæмæй, фæстаг азты йæхи амарын фæнд чи скодта, уыдон дзæвгар фæфылдæр сты. Уæлдайдæр та сывæллæты æмæ æрыгæтты ‘хсæн.

Дзæуджыхъæуы семинары ныхас кодтой йæхиуыл йæ къух  чи систа, уыцы фæсивæды хсæн профилактикæйыл
Фæсивæды ‘хсæн фылдæр цавæр профилактикон куыст кæнын хъæуы, цæмæй, йæхиуыл йæ къух чи систа, уыдоны нымæц кæна къаддæр? Ууыл абон ныхас кодтой анахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл инспекторты семинары.

Æмбырд арæзт æрцыд республикæйы Мидхъуыддæгты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадты хъæппæрисæй. Семинары куыд загътой, афтæмæй, фæстаг азты йæхи амарын фæнд чи скодта, уыдон дзæвгар фæфылдæр сты. Уæлдайдæр та сывæллæты æмæ æрыгæтты ‘хсæн. Специалисттæ йæ бæттынц уыимæ, æмæ фæсивæд цæмæ тырной, уый сын нæй. Аивта сæ зондахаст дæр.

Психиатртæ сидынц инспектортæм, цæмæй, кæимæ кусынц, уыцы сывæллæттæм уой къæрцъхъусдæр. Пъæлицæйæгтæн байуæрстой методикон æрмæджытæ æмæ сын бæлвырд радзырдтой, æрыгæттимæ куыд кусын хъæуы, хи амарыны аххоссæгтæ цавæртæ вæййынц, ахæм кæстæртимæ куысты цы хицæндзинæдтæ ис, уый тыххæй.

Беслехъоты Иринæ, сывæллæтты психиатр: «Участковый инспектортæ иумæйагæй æрæмбырд сты, æрбацыдысты иннæ специалисттæ дæр æмæ мах уыдонимæ кусæм. Вæййы афтæ æмæ сывæллон цæуыл дæр фæхæрам, кæнæ фæтæргай æмæ сфæнд кæны йæхиуыл йæ къух сисын. Январæй абонмæ æрцыд 3 ахæм фыдбылызы. Æмæ цæмæй ахæм цаутæ мауал цæуой уый тыххæй кусæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania