филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:33 среда, 17 декабря 2025
20 февраля 2013, 11:13
Дзæуджыхъæуы скъоладзаутæ ахуырады мониторингмæ гæсгæ равдыстой хуыздæр бæрæггæнæн – 93%

Уыдонмæ хæстæг лæууынц Кировы районы ахуырдзаутæ дæр – нæуæдз дыууæ æнæнхъæны æмæ фараст дæсæм хайы %.

Уыдонмæ хæстæг лæууынц Кировы районы ахуырдзаутæ дæр – нæуæдз дыууæ æнæнхъæны æмæ фараст дæсæм хайы %.

Мониторинджы хатдзæгтыл дзырдтой ахуырады æмæ наукæйы министрады, стæй ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты иумæйаг æмбырды. Бæлвырд кодтой 4-æм, 5-æм, 7-æм æмæ 10-æм кълæсты ахуырдзауты зонындзинæдтæ алы предметæй дæр. Æвзæрдæр бæрæггæнæнтæ равдыстой Алагиры, Æрыдоны, Æрæфы, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районы ахуырдзаутæ. Æмтгæй райсгæйæ, министрады кусджытæ скъоладзауты зонындзинæдтæй разы не сты. Фæлæ Цæгат Ирыстон Уæрæсейы 89 субъекты ‘хсæн ахсы 13-æм бынат. Æмбырды ма дзырдтой æппæтуæрæсеон олимпиадæйы регионалон къæпхæны хатдзæгтыл дæр.

Хæдарцаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министрады национ хайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг: «Мониторингы хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг вæййы куыст дарддæр куыд аразын хъæуы, цавæр хуызы радтын хъæуы сывæллæттæн зонындзинæдтæ, цæмæй сæхи лæмбынæг бацæттæ кæной иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ. Хъыгагæн ацы аз мониторинг цы бæрæггæнæнтæ равдыста, уый нæ зæрдæмæ нæ фæцыдис. Уый ма мæ зæгъын фæнды олимпиадæйы тыххæй дæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania