филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:01 суббота, 04 мая 2024
16 апреля 2013, 17:11
Дзæуджыхъæуы социалон-экономикон райрæзт у зæрдæмæдзæугæ

Уый тыххæй ныхас цыд горæты минæвæртты 42-æм сессийы æмбырды. Дзæуджыхъæуы депутаттимæ, стæй горæты разамындимæ дзы архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ дæр.

Дзæуджыхъæуы социалон-экономикон райрæзт у зæрдæмæдзæугæ
Дзæуджыхъæуы социалон-экономикон райрæзт у зæрдæмæдзæугæ. Уый тыххæй ныхас цыд горæты минæвæртты 42-æм сессийы æмбырды. Дзæуджыхъæуы депутаттимæ, стæй горæты разамындимæ дзы архайдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты депутаттæ дæр.

Горæты думæйы æркастысты 18 фарстамæ. Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар Икъоты Бэлæ депутатты размæ рахаста фæндон, цæмæй «Дзуджыхъæуы кадджын гражданины ном» саккаг кæной Хуссар æфсæддон зылды командыгæнæг Александр Галкинæн. Депутаттæ сразы сты фæндонимæ. Æмæ горæты бон, 8-æм июлы, Александр Галкины схорзæх кæндзысты кадджын номæй. Æмбырды ма ныхас цыд 2012-æм азы бюджетыл. Фæфылдæр сты йе `фтиæгтæ. Фæкъаддæр, регистрацигонд чи у, уыцы æгуыст адæмы нымæц. Уыимæ ма фарон Дзæуджыхъæуы эксплуатацимæ радтой цæрæн бынæттæ 172 мин квадратон метры.

Томайты Хъазыбег, Дзæуджыхъæуы администрацийы экономикæйы управленийы хицау: «Ивгъуыд аз ныййарджытæ кæмæн нæй, ахæм сывæллæттæн мах радтам 30 фатеры. Фарон уыцы нымæц уыди дзæвгар къаддæр, раздæр та ноджы къаддæр. Мах æй æмбарæм, се `ппæт сывæллæттæ кæй нæма райстой хæдзæрттæ, уый, æмæ уыцы фарстайыл архайæм».

Козаты Аслан, Дзæуджыхъæуы депутат: «Абон тынг ахсджиаг фарстатæм æркастыстæм депутатты æмбырды. Æркастыстæм бюджеты фарстамæ, йæ хæрдзтæм, йе `фтиæгтæм, ныры онг уал горæт йæхæдæг, йæ бон у æрæмбырд кæнын æфтиæгтæ 53%. Уыцы процент, зæгъæм, Стъараполимæ куы абарæм, уæд уый у 46%. Уымæ гæсгæ махæн нæ куыст æфтиæгтæй у хуыздæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania