26 мая 2014, 11:29
Дзæуджыхъæуы спортивон комплекс «Манеж»-ы уыд хъæууон хæдзарады уæлдæр ахуыргæнæндæтты студентты 5-æм универсиадæ
Спортивон ерысты архайдтой нæ бæстæйы 24 горæты минæвæрттæ. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан, 2012-æм азы Лондоны

Спортивон ерысты архайдтой нæ бæстæйы 24 горæты минæвæрттæ. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан, 2012-æм азы Лондоны Олимпиадæйы чемпион Хуыгаты Алан, фæсивæжы хъæуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæг Хъесаты Лазо.
Универсиадæйы архайджытæ ерыс кодтой хъæбысхæсты грекъаг – римаг хуызæй, стæй уæгъдибар хъæбысхæстæй нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты ‘хсæн.
Уæлхаздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты майдантæй, кады гæххæттытæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй.

темæмæ гæсгæ