27 марта 2014, 11:38
Дзæуджыхъæуы спорты галуан «Манеж»-ы райдыдтой Советон Цæдисы сгуыхт тренер
Дзгойты Аслæнбеджы номарæн æппæтуæрæсеон ерыстæ уæгъдбар хъæбысхæстæй. Нæ бæстæйы алы регионтæй дзы сæ тыхтæ æвзарынц 16-17-аздзыд 400 богалы. Уыдоны `хсæн – нæ республикæйы
Дзгойты Аслæнбеджы номарæн æппæтуæрæсеон ерыстæ уæгъдбар хъæбысхæстæй. Нæ бæстæйы алы регионтæй дзы сæ тыхтæ æвзарынц 16-17-аздзыд 400 богалы. Уыдоны `хсæн – нæ республикæйы хъæбысæйхæцджытæ дæр. Ерыстæм бакæсæн ис комкоммæ эфиры. Æвдыст цæуынц фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады, стæй Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы официалон сайты. Турнир цæудзæн æртæ боны, æмæ фæуыдзæн 28-æм мартъийы.
темæмæ гæсгæ