филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:53 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2014, 16:58
Дзæуджыхъæуы ссардæуыд ацæргæ сылгоймаджы мард

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Риммæ Сушкова йæ фатеры мардæй фæци дыууæ азы бæрц.

Доваторы проспекты хæдзæрттæй иуы цæрæг знон телефонæй бадзырдта пъæлицæмæ, æмæ фехъусын кодта, фыццаг уæладзыджы фатеры кæй ссардта адæймаджы стджытæ.

Дзæуджыхъæуы ссардæуыд ацæргæ сылгоймаджы мард. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Риммæ Сушкова йæ фатеры мардæй фæци дыууæ азы бæрц.

Доваторы проспекты хæдзæрттæй иуы цæрæг знон телефонæй бадзырдта пъæлицæмæ, æмæ фехъусын кодта, фыццаг уæладзыджы фатеры кæй ссардта адæймаджы стджытæ. Æвæстиатæй бынатмæ æрбацыдысты пъæлицæйæгтæ. Эксперттæ та сбæрæг кодтой, сылгоймаг тыхмард кæй нæ уыди, уый. Сыхæгтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, фатерæй æвзæр тæф кæй цыди, уый ницæмæ дардтой. Уымæн æмæ ацæрæ сылгоймаг раздæр йæ хæдзары дардта бирæ гæдытæ. Фæлæ уæддæр цалдæр хатты бадзырдтой, сæ участочы чи кусы, уыцы барадхъахъхъæнæгмæ. Уый-иу фатеры рудзгуытæй бакасти, æмæ-иу ацыди. Дуар батонынæн та йын бар нæ уыд. Риммæ Сушковайы сыхæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыди æхгæдзæрдæ адæймаг, дуармæ дæр-иу нæ рацыд. Хæстæджытæ дæр ын нæ уыд. Бирæ рæстæг кæй нæ зынди, уый дæр сæм хуымæтæг хъуыддаг фæкаст, уымæн æмæ-иу йæ хæдзары арæх нæ уыди.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania