09 июля 2014, 17:33
Дзæуджыхъæуы сывæллæттæн байгом кодтой ног спортивон фæз
Абон ын йæ дæгъæл радтой Коцойты Арсены номыл уынджы цæрджытæн. Кадджын æмбырды архайдтой горæты администрацийы минæвæрттæ, зындгонд спортсментæ, хæсты ветерантæ æмæ сывæллæттæ.
Дзæуджыхъæуы сывæллæттæн байгом кодтой ног спортивон фæз. Абон ын йæ дæгъæл радтой Коцойты Арсены номыл уынджы цæрджытæн. Кадджын æмбырды архайдтой горæты администрацийы минæвæрттæ, зындгонд спортсментæ, хæсты ветерантæ æмæ сывæллæттæ. Ног фæз ифтонг у нырыккон спортивон æрмæгæй. Нырæй фæстæмæ дзы хъазæн уыдзæн футболæй æмæ стритболæй. Уымæй дарддæр дзы сæвæрдтой тренажертæ, змисæй хъазæн бынат æмæ качелитæ кæстæр сабитæн. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд загътой, афтæмæй ахæм фæзтæ байгом кæндзысты æндæр кæртыты дæр.
темæмæ гæсгæ




