филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:45 пятница, 03 мая 2024
09 апреля 2013, 11:21
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 2-æм скъолайы уыд концерт

«Уалдзыгон æнкъарæнтæ». Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 2-æм скъолайы уыд концерт. Архайдтой дзы флейтæйы къласы ахуыргæнæг Беллæ Бабаяны ахуырдзаутæ.

«Уалдзыгон æнкъарæнтæ». Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 2-æм скъолайы уыд концерт. Архайдтой дзы флейтæйы къласы ахуыргæнæг Беллæ Бабаяны ахуырдзаутæ.

Сывæллæттæ акодтой фæсарæйнаг æмæ Уæрæсейы зындгонд композиторты уацмыстæ, стæй ацагътой сывæллæтты уарзон мелодитæ. Ацы концерт уыд афæдзы куыстæн дзуаппдæттæн. Ноджы ма ацы аз 30 азы сæххæст сæ ахуыргæнæг, Беллæ Бабаян сфæлдыстадон куыст куы кæны, ууыл. Уал азмæ бирæ курдиатджын музыкантты схъомыл кодта, ныр та ма сарæзта сывæллæтты оркестр «Вдохновение». Уæрæсейы ахæм къордтæ цалдæр йæддæмæ нæй. Знон сывæллæттæн уыд сæ фыццаг концерт æмæ, цы уацмыстæ ацагътой, уыдон адæмы зæрдæмæ фæцыдысты.

Багаты Людмилæ, ныййарæг: «Мæ дыууæ сывæллоны ахуыр кæнынц ацы скъолайы 7 азы æмæ æз тынг райгонд дæн Беллæйæ. Æнуывыд у сывæллæттыл, нæ дæр йæ рæстæг, нæ дæр йæ тых нæ æвгъау кæны цæмæй сывæллæттæ исты базоной. Æрмæст къуырийы бете нæ, фæлæ ма хуцаубоны дæр йæ рæстæг бахардз кæны. æз дзы æнæкæрон бузныг дæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania