филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 17 декабря 2025
06 февраля 2018, 13:20
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 81-æм рæвдауæндоны æртыккаг аз æнтыстджынæй кусы проект «Мады скъола»

Йæ саразыны хъæппæрис разынд хистæр хъомылгæнæг æмæ методистмæ. Ног идеятæм æнхъæлмæ кæсынц ныййарджытæм дæр.

Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 81-æм рæвдауæндоны æртыккаг аз æнтыстджынæй кусы проект «Мады скъола»
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 81-æм рæвдауæндоны æртыккаг
аз æнтыстджынæй кусы проект «Мады скъола». Йæ саразыны хъæппæрис разынд
хистæр хъомылгæнæг æмæ методистмæ. Ног идеятæм æнхъæлмæ кæсынц
ныййарджытæм дæр. Рæвдауæндоны куыд зæгъынц, афтæмæй, æрмæстдæр иумæ
кусгæйæ, ис хорз хъомылад раттын кæстæр фæлтæрæн.
Логопедимæ ахуыртæ
сывæллæтты рæвдауæндоны, фæлæ ахуыртæ цæуынц хистæртимæ. Сæрмагонд
кусæнгæрзтæ æххуыс кæнынц дзырды аивдзинадыл кусыныл. Уымæй дарддæр ма
æххæст кæнынц æндæр хæстæ дæр. Ахæм цымыдисаг методикæ ныййарджытæн
æххуыс кæны бæстондæр цæст дарынæн, рæвдауæндоны сабитимæ куыд кусынц,
уымæ.
Иу ахуыргæнæндоны уыцы-иу рæстæг цалдæр специалисты. Ам ма
ныййарджытæ ерыс кæнынц æрмдæсныйады дæр. Зæгъæм, кусынц змисимæ, кæнынц
физкультурæ. Зонгæ сæ кæнынц, традицион чи нæу, ахæм ифтонггæрзтимæ.
Скæнæн сæ ис хи къухтæй дæр. Афтæ, физкультурæйы ахуыргæнæг йæхæдæг
скодта цалдæр спортивон снаряды.
Алыхуызон цымыдисаг эстафетæтæ æмæ
хъæзтытæ. Уыдонæй дарддæр ма рæвдауæндоны ис психолог дæр. Проект «Мады
скъола» кусы ныр æртæ азы. Ахæм ахуыртæ та цæуынц афæдз 4 хатты.
Ныййарджытимæ ахæм хуызы куыст ныридæгæн дæр хорз бæрæггæнæнтæ равдыста.

Рæвдауæндоны зæгъынц, раздæр не ууæндыдысты, ныййарджытæ цæудзысты
ахуыртæм, ууыл. Фæлæ практикæ куы равдыста, афтæмæй фæлварæн проект хорз
рауад. Æмæ кæд «Мады скъола» хуыйны, уæддæр сæм зæрдиагæй æрбацæуынц
сабиты фыдтæ дæр. Рæвдауæндоны кусы «Мады пост» дæр. Къордты сæвæрдтой
сæрмагонд къоппытæ. Уырдæм ныййарджытæн сæ бон у сæ фарстатимæ
фыстæджытæ нывæрын. Клуб саразыны хъæппæрис разынд хистæр хъомылгæнæг
æмæ методистмæ. Ног идеятæм æнхъæлмæ кæсынц ныййарджытæм дæр.
Рæвдауæндоны куыд зæгъынц, афтæмæй æрмæстдæр иумæ кусгæйæ, ис хорз
хъомылад раттын кæстæр фæлтæрæн.

Фидараты Маринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania