филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:45 вторник, 16 декабря 2025
14 марта 2014, 14:11
Дзæуджыхъæуы Театралон фæзы арæзт æрцыд митинг Хъырымы цæрджыты фарс рахæцыны тыххæй

«Хъырым æфхæрын нæ бауадздзыстæм! Севастополь – фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ!». Ахæм лозунгтимæ абон Дзæуджыхъæуы Театралон фæзы арæзт æрцыд митинг Хъырымы цæрджыты

Дзæуджыхъæуы Театралон фæзы арæзт æрцыд митинг Хъырымы цæрджыты фарс рахæцыны тыххæй
«Хъырым æфхæрын нæ бауадздзыстæм! Севастополь – фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ!». Ахæм лозунгтимæ абон Дзæуджыхъæуы Театралон фæзы арæзт æрцыд митинг Хъырымы цæрджыты фарс рахæцыны тыххæй. Ирон театры раз æрæмбырд 10 мин адæймагæй фылдæр: æхсæнадон æмæ политикон организациты минæвæрттæ, стæй ацы уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм адæм. Республикæйы цæрджытæ цыдысты тырысатæ æмæ транспоранттимæ, бабастой Георгийы лентытæ дæр. Уымæй равдыстой, Украинæимæ нын иумæйаг истори кæй ис, уый. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Лекъты Мурат куыд загъта, афтæмæй цæгатирыстойнæгтæй бирæтæн Украинæ у райгуырæн зæххы хуызæн. Уымæн æмæ йæ уæгъд кодтой немыцаг фашисттæй. Ахæм мысинæгтæм гæсгæ æрбацыдысты бирæтæ абон ардæм. Хъырымы цæрджыты фарс рахæцын хуымæтæг ныхæстæ не сты. Уый у не ппæты граждайнаг хæс.

Дзасохты Музафер: «Мæнæ та ногæй фашизм æрбацæуы æмæ мах уый не руаддзыстæм. Хорз ма лæууы нæ зæрдыл, фашизм цæмæ расайы æмæ цы зиантæ хæссы йемæ, уый. Æмæ нæ бон куыд æмæ цас у, уыйбæрц йемæ тох кæндзыстæм. Фæнды нæ, цæмæй Хъырымы цæрджытæ зоной – ам Ирыстоны цæрынц се фсымæртæ. Æмæ цыфæнды сахат дæр: цин уа, æви æндæр исты хъуыддаг, уыдзыстæм сæ фарсмæ».

Къесаты Иринæ: «Мах æрбацыдыстæм цæмæй не фсымæрты фарсмæ æрбалæууæм. Цæмæй йæ зоной Ирыстоны цæрджытæ сты семæ. Се ххуыс кæй нæ бавгъау кæндзысты. Мæнæ куы фæсабыр уа, уæд та иртасæн къорды сывæллæттимæ фæнд кæнæм ацæуын Украинæмæ. Æмæ ныхасæй нæ, фæлæ сын хъуыддагæй баххуыс кæнын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania