филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:35 понедельник, 08 июля 2024
02 октября 2012, 11:27
Дзæуджыхъæуы Тогойы-фырты æмæ Затеречныйы уынгты цæрджытæ сарæзтой ныхмæлæуддзинады акци

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ныхмæлæуддзинады акци. Тогойы-фырты æмæ Затеречныйы уынгты цæрджытæ сты, Терчы былгæрон цы арæзтад цæуы, уый ныхмæ.

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд
ныхмæлæуддзинады акци. Тогойы-фырты æмæ Затеречныйы уынгты цæрджытæ сты,
Терчы былгæрон цы арæзтад цæуы, уый ныхмæ.

Цæрæн
комплекс «Сухое русло» æгæр хæстæг амад цæуы сæ хæдзæрттæм, æмæ сæ уый
тынг тыхсын кæны. Ацы хъуыддаджы фæдыл цæрджытæ сæ хъаст бахæссынмæ
хъавынц Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергеймæ.

Ныр афæдз æмæ ‘рдæг адæмы тыхсын кæны
арæзтадон техникæйы хъæр. Сæ хæдзæртты фарсмæ цы амайынц, уый тыххæй
базыдтой кусджытæй. Ныридæгæн дзы сарæзтой иу фарастуæладзыгон хæдзар.
Ныр та райдыдтой иннæ ахæм бæстыхай аразын. Тогойы-фырты æмæ Затеречныйы
уынджы цæрджытæ сарæзтой ныхмæлæуддзинады акци. Куыд зæгъынц, афтæмæй
Терчы былгæрон цæуы æнæзакъон арæзтад. 2014-æм азмæ ам хъуамæ фæзына
æнæхъæн цæрæн комплекс.

Томайты Альберт, Тогойы-фырты уынджы цæрæг: «Дыууæ хæдзары ‘хсæн скъахтой, æмæ дзы ацæуæн дæр нал и. Махыл ничи хъуыды кæны».

Адæм хъаст кæнынц, сывæллæтты ирхæфсæн
фæзы бынаты электрон тыхы дæлстанцæ кæй сарæзтой, ууыл. Хи хæдзæрттæм
бацæуæнтæ æхгæд æрцыдысты, æвæрынмæ дзы хъавынц бирæвольтон телы хъæдтæ.
Фæлæ æнæниздзинадæн тæссаг нæ уыдзæн, ууыл гуырысхо кæнынц.

Хуыгаты Виктор, Тогойы-фырты уынджы
цæрæг: «Хъуамæ ам сывæллæттæн хъазыны бар ма уа? Кæм ирхæфсой сæхи? Ацы
фæз хъуамæ уа дзæвгар фылдæр».

Дыууæ уынджы цæрджытæ сæ хъаст
бахæссынмæ хъавынц Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты
Сергеймæ. Ацы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ аразæг чи у, уый не сфæлдыстадон
къордæн базонын нæ бантыст. Горæты администрацийы зæгъынц, цæрæн
комплексæн скодтой паддзахадон экспертизæ. Уымæ гæсгæ арæзтадон
куыстытæн барлæвæрд ис. Бирæвольтон телы хъæдтыл дзургæйæ та
«Севкавэнерго» – йы специалисттæ загътой, æнæниздзинадæн зиан кæй нæ
хæссынц, уый. Фæлæ сæ видеокамерæмæ радзурын никæйы бафæндыд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania