филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:46 суббота, 21 сентября 2024
04 декабря 2012, 15:42
Дзæуджыхъæуы цæнгæт хидæн райдыдтой йæ уæлцъар ивын

Сæрмагонд куыстуат ныртæккæ бæрæг кæны йæ уавæр, уæлдайдæр та рельсты хсæн.

Бæрæггонд куыд у, афтæмæй, цалцæджы фæстæ шофыртæй бирæтæ хъаст кодтой, бырынцъаг у, зæгъгæ.

Сæрмагонд куыстуат ныртæккæ бæрæг кæны йæ уавæр, уæлдайдæр та рельсты хсæн.

Бæрæггонд куыд у, афтæмæй, цалцæджы
фæстæ шофыртæй бирæтæ хъаст кодтой, бырынцъаг у, зæгъгæ. Хъуыддагмæ цæст
дарын райдыдтой бæрнон кусджытæ.

Ныр зымæджы агъоммæ, цæмæй æдасдзинады
домæнтæ æххæст кæной æмæ фæндæгтыл, йæ бырынцъаджы аххосæй, фыдбылызтæ
ма цæуа, уый тыххæй дзы кæнынц сæрмагонд куыстытæ.

Проектмæ гæсгæ уал æй хъуамæ ссыгъдæг кæной, ныртæккæ цæмæй сæрст у, уымæй. Уый фæстæ фæндагыл байсæрддзысты ног æрмæг.

Куыстытæ ахæсдзысты къуырийы кæронмæ.

Дзæуджыхъæуы администрацийæ куыд хъусын
кæнынц, афтæмæй ног уæлцъар хъуамæ фæхуыздæр кæна фæндаджы уавæр æмæ
шофырты бон уыдзæн æдасæй цæуын. Машинæты цæлхытæ йыл нал бырдзысты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania