филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:49 вторник, 16 декабря 2025
09 октября 2014, 11:03
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц хъармгæнæн сезоны райдайæнмæ

Цæрæн-коммуналон хæдзарады къабазы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзæрттæм тæвд раттынмæ цæттæ сты. Æнхъæлмæ кæсынц, горæты администрацийы бардзырдымæ.

74690
Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц хъармгæнæн сезоны райдайæнмæ. Цæрæн-коммуналон хæдзарады къабазы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзæрттæм тæвд раттынмæ цæттæ сты. Æнхъæлмæ кæсынц, горæты администрацийы бардзырдымæ.
Ацы хайы хъармгæнæн хæтæлтæ зæххы бын нæ, фæлæ уæлдæфы ауагътой. Туаты Мысосты ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй æнцондæр кусын уыдзæн.
Туаты Мысост, Терчыфалейы 3-æм хъармгæнæн районы хицау: «Хæтæлтæ зæххы бын куы вæййынц, уæд сæм цалынмæ баххæсай – скъахын æй хъæуы, бетон æхгæнæнтæ сисын хъæуы, æмæ куы кабель, куы канализаци, куы уазал дон сæ быны вæййы. Хатгай сæ тонгæ дæр скæнæм. Цæмæй уыцы хабæрттæ ма уой, стæй авари куы уа, уæд сæ цæмæй тагъддæр скæнæм, уый тыххæй сæ уæлдæфмæ систам».
Ног хъармгæнæн сезонмæ ам сæрды цæттæ кæнын райдыдтой. Специалисттæ ахадгæ куыст бакодтой. Хъуамæ ныр зымæг æнæ къуылымпыдзинæдтæй арвитой.
Туаты Мысост, Терчыфалейы 3-æм хъармгæнæн районы хицау: «Тæвд дон цы бойлертæ дæттынц, уыдон аивтам, донцъирæнтæй иу баивтам, иннæ сцалцæг кодтам, пецтæ райхæлдтам, афтæ зæгъæн ис, æмæ ног конд сты, афтæ сæ сцалцæг кодтам».
4 ахæм пецы уыдис 34-æм микрорайоны хъармгæнæны дæр. Фарон дзы сæвæрдтой 2 ног пецы. Сæ фирмæ у италиаг «Уникал». Сты тыхджындæр. Раздæры 4 хъармгæнæны хуызæн тæвдæй æххæст кæнынц 30 бирæфатерон хæдзары. Сæрдыгон та иу пец тæвд донæй сæххæст кæны 2 микрорайоны.
Екатерина Пономарева, 34-æм микрорайоны хъармгæнæны оператор: «Пецыл бæлвырд температурæ æвæрыс. Уыцы температурæйы онг дон куы схъарм уа, уæд хъармгæнæн йæхæдæг ахуыссы. Дон куы æруазал вæййы, уæд та пец скусы».
Куыстуат «Дзæуджыхъæуы хъармгæнæнты хыз»-ы специалисттæ архайынц фылдæр нырыккон автоматикон системæтæй пайда кæныныл. Горæты цы 108 хъармгæнæны ис, уыдонæй 20-ы бæрц сты автоматизацигонд.
Бæцойты Сергей, куыстуат «Владикавказские тепловые сети»-йы хайады хицау: «Ацы аз кусæнгæрзтæ баивтам 6 хъармгæнæны. Уыдоны дæр ацы хъармгæнæн сезоны системæ уыдзæн автоматизацигонд, ома, кусдзæн æнæ адæймаджы æххуысæй».
Ныртæккæ ма цæрæн-коммуналон хæдзарады къабазы специалисттæ кæнынц кæронбæттæн цæттæгæнæн куыстытæ – æфснайынц хъармгæнæнтæ, цалдæр раны ивынц хæтæлтæ. Куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ сын горæты администрацийæ куыддæр фехъусын кæной, хъармгæнæн сезон райдыдта, уый, афтæ хæдзæрттæм ратдзысты тæвд.
«Дзæуджыхъæуы хъармгæнæн сезонмæ цæттæ сты. Фæлæ, кæд райдайдзæн, уый нырма зын зæгъæн у. Закъонмæ гæсгæ, хæдзæрттæм хъарм ратдзысты, 5 боны дæргъы уæлдæфы температурæ 8 градусæй ныллæгдæр куы уа, уæд. Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй та хæстæгдæр къуыри республикæйы фæхъармдæр уыдзæн».
Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania