04 января 2013, 19:43
Дзæуджыхъæуы цæрджытæн арæзт æрцыд «Ног азмæ æнæ хæстæй» акци
«Ног азмæ æнæ хæстæй». Ахæм акци Дзæуджыхъæуы цæрджытæн арæзт æрцыд хъалонисæн федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хъæппæрисæй.
«Ног азмæ æнæ хæстæй». Ахæм акци Дзæуджыхъæуы цæрджытæн арæзт æрцыд хъалонисæн федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хъæппæрисæй.
Горæты 4 базарадон центры куыстой хъалонисæн инспектортæ. Дзæуджыхъæуы цæрджытæй алкæмæндæр йæ бон уыдис бацæуын, йæ ном æмæ мыккаг зæгъын, æмæ базонын транспорты, зæххы æмæ исбонады хъалонæн цы хæс дары, уый. Ахæм акци ацы службæ скодта фыццаг хатт. 4 бонмæ лæггадæй спайда кодтой сæдæ адæймагæй фылдæр.
темæмæ гæсгæ




