Ахсджиаг фарстайыл æрдзырдтой автоинспектортæ, горæты администрацийы, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ трамвайты управленийы кусджытæ. Ацы фарста хуымæтæджы нæ сæвзæрд.
Горæты администрацийы зæгъынц, трамвайтæ канд бахъахъхъæнын нæ хъæуы, фæлæ сæ архайд рапарахат кæнын. Уымæн æмæ нæ горæты у, æрдзæн зиан чи нæ хæссы, ахæм иунæг транспорты хуыз. Уый хыгъд горæты саразын машинæты лæууæн бынæттæ, æнæзакъонæй йæ машинæ фæндаджы цур чи ныууадзы, уыдоны ивар та фæфылдæр кæнын. Ахæм хъуыды æмбырды архайджыты зæрдæмæ фæцыд, фæлæ, хъыгагæн, фарста кæмæй аразгæ у, уыцы бæрнон адæм се ппæт нæ фæзындысты, уымæ гæсгæ ма трамвайты хъысмæтыл ныхас цæудзæн ногæй.
Бекъойты Артур, Паддзахадон автоинспекцийы хицауы хæдивæг: «Махæн нæ уыд нæ куырдиат цæмæй трамвай айсой, фæлæ нæ фæнды цæмæй трамвайы фæндæгтæ нормæмæ гæсгæ куыд уой æмæ сæм куыд кæсой . Иу 3-4 азы уыцы фарстатæ мах администрацийы раз æвæрæм æмæ рæстмæ нæ цæуынц, уымæн æмæ сæм куы æркæсæм, уæд нæ горæты ис ахæм фæндæгтæ, кæм фыдбылыз æрцæуынæн бирæ нæ хъæуы».




