филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:31 суббота, 04 мая 2024
17 апреля 2013, 17:26
Дзæуджыхъæуы цæрджыты тыхсын кæны электрон транспорты куыст

Растдæр зæгъгæйæ та, маршруттæм кæй нæ рацæуынц, уый. Муниципалон куыстуат «Владэлектротранс»-ы æмбарын кæнынц – электрон хызæг æмæ кабельтæ арæх асæттынц æмæ трамвайтæн сæ бон рацæуын нæ вæййы.

Дзæуджыхъæуы цæрджыты тыхсын кæны электрон транспорты куыст. Растдæр зæгъгæйæ та, маршруттæм кæй нæ рацæуынц, уый. Муниципалон куыстуат «Владэлектротранс»-ы æмбарын кæнынц – электрон хызæг æмæ кабельтæ арæх асæттынц æмæ трамвайтæн сæ бон рацæуын нæ вæййы.

Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл трамвайты 26 вагонæй цæуы æрмæстдæр 4. Йæ ахоссаг – фырзæрондæй электрон тыхдæттæг телтæ кæй басыгъдысты, уый.

Цалцæггæнæг бригадæтæ æрвылбон рацæуынц куыстмæ, фæлæ хъуыддаг хуыздæрырдæм нæ ивы.

Дзæуджыхъæуы цы 10 дæлстанцæйы ис, уыдонæй 3-йæ пайдагæнæн нал ис. Иннæтæ дæр бирæйы фаг не сты.

Уымæй уæлдай ма горæты трамвайтæн электрон тыхдæттæг телты дæргъ у 27 километры. Кæй базæронд сты, уымæ гæсгæ сæ пайда фæкъаддæр 50%. Æмæ ма цас аххæсдзысты, уый бæрæг нæу.

Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы кусынц Свердловскы электромеханикон заводы специалисттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй кабельтæ 22 азæй фылдæр хъуамæ ма кусой. Дзæуджыхъæуы та трамвайтæн кабельтæ фæстаг хатт баивтой 76-æм азы. Уæдæй абонмæ сыл æвæрынц æмпъузæнтæ. Афтæмæй та электрон тыхы хардз фылдæр свæййы.

Дмитрий Дурнев, Свердловскы электромеханикон заводы минæвар: «Ныртæккæ цæуы хъомысы уæлдай хардз æмæ йын горæты администрацийы бахъæуы уæлдай æхца фидын. Æвæстиатæй хъæуы æппæт хызæг баивын ногæй. Уæд аваритæ дæр къаддæр цæудзысты, фæрæзтæй дæр фæстауæрцгонд æрцæудзæн 30-40 %. 2 азмæ та пайда хæссын райдайдзысты. Уый бирæ рæстæг нæу».

Электрон тыхдæттæг телты æмæ дæлстанцæты бындурон цалцæгæн, кусæн хæйттæ баивынæн гыццыл æхца нæ бахъæудзæн. Хи фæрæзтæй сыл нæ аххæсдзысты æмæ зæрдæ дарынц энерги фæстауæрцгæнæн федералон программæйыл.

Дедегкаты Олег, Дзæуджыхъæуы муниципалон куыстуат «Владэлектротранс»-ы хицау: «Гæнæн ис æмæ нын федералон программæмæ гæсгæ радих кæндзысты `хца. Уæд нæ бон бауыдзæн, æппæты фыццаг, кабельтæ баивын. Фæлæ нын республикон бюджетæй дæр хъæудзæн фæрæзтæ радих кæнын. Ахæм у федералон программæты домæн. Ныртæккæ уал æмбæлгæ гæххæттытæ арвыстам республикæйы хицауадмæ».

Цæгат Кавказы трамвайтæ фыццаг фæзындысты Дзæуджыхъæуы. Æмæ алкæйдæр фæнды, уыцы транспортон хорзæх куыд нæ фæсæфа, уый. Хæстæгдæр рæстæг ацы хъуыддагмæ æркæсдзысты хицауады уæнгтæ.

Зыхъуаты Жаннæ, Хъамболты Розæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania