филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 воскресенье, 14 декабря 2025
06 июня 2014, 11:31
Дзæуджыхъæуы цæрджыты тыхсын кæны Сомихаг аргъуаны цур Терчы был цы уавæры ис, уый

Фæз у æнæфснайд, ныппырх сты йæ къæсæртæ, бандæттæ æмæ къахвæндæгтæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбарын кæнынц афтæ: уыцы фæз аивгонд æрцыд иннæтæй раздæр æмæ,

Дзæуджыхъæуы цæрджыты тыхсын кæны Сомихаг аргъуаны цур Терчы был цы уавæры ис, уый
Фæз у æнæфснайд, ныппырх сты йæ къæсæртæ, бандæттæ æмæ къахвæндæгтæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбарын кæнынц афтæ: уыцы фæз аивгонд æрцыд иннæтæй раздæр æмæ, бирæ рæстæг кæй рацыд, уымæ гæсгæ йæ уавæр дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, аивта.

Пырх къæсæртæ æмæ бандæттæ, базилинаг фæндæгтæ, æнæфснайд фæзуат. Ахæм æдзæллаг уавæры ис ныртæккæ Терчы был Сомихаг аргъуаны цур. Раздæр ацы бынат Дзæуджыхъæуы нымад уыд æппæтæй рæсугъддæрыл.

Магкæты Валентинæ, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Ныртæккæ цы уавæры сты – бирæ цыдæртæ дзы скодтой, фæлæ бынтон хорз нæу. Нырма дзы саразын хъæуы. Сыгъдæг нæу, нæ адæм сæ фæстæ не фснайынц. Æнæфснайд у нæ горæт, чъизи горæт у».

Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæн ацы уавæр зонгæ у. Æмбарын кæнынц, Терчы былы ацы хай æппæтæй раздæр аивгонд кæй æрцыдис, уый. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд æмæ ацы фæз дæр æдзæллагмæ уымæн æрцыд. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ ногæй сцалцæг кæныныл бацархайдзысты.

Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Сомихаг аргъуаны цур цы фæз ис,Терчы был, уым ацы аз цалцæггæнæн куыстытæ нæ уыдзæн. Уый тыххæй æмæ нæ бюджеты уыцы æхцайы фæрæзтæ æвæрд не сты. Уыцы фæз б азæронд ис абонмæ æмæ администрации йæ хъус дары, архайæм, цæмæ уыцы фæз тагъд рæстæджы сцалцæг кæнæм. Абон нын нæ горæты сæргълæууæг хæс радта, цæмæй пълан скæнæм, куыд æй аив кæндзыстæм, уый».

Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй цалцæггонд цæуынц Терчы былы иннæ хæйттæ. Зæгъæм, сырхгвардионæй цæнгæт хиды онг фæз æрцыд аивгонд. Уым ныртæккæ фæзынд тезгъо кæнынæн æмæ спортæй архайынæн æппæт фадæттæ – ирхæфсæн бынæттæ, велосипедон фæндæгтæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania