09 февраля 2018, 15:34
Дзæуджыхъæуы цæуы Советон Цæдисы сгуыхт тренер Андиаты Сергейы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн
Спортсментæ ерыс кæнынц спорты галуан «Манеж»-ы. Арæзт цæуынц 2003-æм азæй фæстæмæ. Сергей стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны спорты рæзтмæ. 20 азы разамынд лæвæрдта нæ республикæйы спортивон æхсæнад «Динамо»-йæн.
Дзæуджыхъæуы цæуы Советон Цæдисы сгуыхт тренер Андиаты Сергейы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн.
Спортсментæ
ерыс кæнынц спорты галуан «Манеж»-ы. Арæзт цæуынц 2003-æм азæй фæстæмæ.
Сергей стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны спорты рæзтмæ. 20 азы разамынд
лæвæрдта нæ республикæйы спортивон æхсæнад «Динамо»-йæн. Бирæ
ахуырдзауты схъомыл кодта. Уыдонимæ йæ кæстæр æфсымæр Олимпаг чемпион
Сосланы дæр. Турниры уæлахиздзаутæ сæ тыхтæ æвзардзысты Цæгат Кавказы
æрыгон богæлтты хсæн. 300 спортсменæй фылдæр архайы хуыздæр
хъæбысæйхæцæджы ном райсыныл. Чызджытæ æмæ лæппутæ æрбацыдысты
республикæйы районтæй. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн
республикæйы иугонд командæ. Сæйраг тæрхонгæнæг Дарчиты Георгийы
ныхæстæм гæсгæ, ерысты сæйраг нысан у равзарын хуыздæрты æмæ
хъаруджындæрты, цæмæй æмбæлгæ уагыл равдисой республикæ, Цæгат Кавказы
Федералон зылды ерысты, стæй апрелы та Уæрæсейы турниры.

темæмæ гæсгæ