филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:33 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 15:22
Дзæуджыхъæуы цæуынц фыццаг Сыгъдæг Георгийы кæстытæ

«Чырыстон дин. Этнос. Культурæ». Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы цæуынц фыццаг Сыгъдæг Георгийы кæстытæ.

Арæзт æрцыдысты, Алани чырыстон дин куы райста

«Чырыстон дин. Этнос. Культурæ». Ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы цæуынц фыццаг Сыгъдæг Георгийы кæстытæ.

Арæзт æрцыдысты, Алани чырыстон дин куы
райста, ууыл 1100 азы кæй æххæст кæны, уый кадæн. Кæстыты архайынц
Дзæуджыхъæуы æмæ Махачкалайы епархийы минæвæрттæ Цæгат Ирыстонæй,
Цæцæнæй, Дагестанæй, Мæхъæлæй, уазджытæ Мæскуыйæ æмæ Хуссар Ирыстонæй,
стæй нæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ. Цæгат Кавказы чырыстон
историон цыртдзæвæнтæ бæхъахъхъæнын – у аргъуаны æмæ паддзахады иумæйаг
хæс, загътой конференцийы архайджытæ. Бирæтæ сæ абон сты æдзæллаг
уавæры, хъæуы сæм базилын. Уымæ гæсгæ кæстыты архайджытæ рахастой
фæндон, историон объекттæ программæ «Уæрæсейы культурæ»-мæ бахæссын.
Конференцийы ма ныхас цыд Библи Кавказы адæмы хæттыты æвзæгтæм тæлмац
кæныныл.

Гаглойты Саввæ, Дзæуджыхъæуы æмæ
Махачкалайы епархийы секретарь: «Аргъуаны цард æрмæст куывдæй æмæ
социалон архайдæй аразгæ нæу, фæлæ мах хъуамæ хъуыды кæнæм æмæ иртасæм
нæ абоны уавæр, нæ райсомы бон. Æмæ уый тыххæй мах абон æрæмбырд кодтам
Ирыстоны интеллигенци, Цæцæны, Мæхъæлы æмæ Дагестаны, цæмæй иумæ нæ
абоны уавæрыл ахъуыды кæнæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania