Куыд зæгъынц, афтæмæй бынæттон администрацийæн пайда нæ хæссы. Абанайæ чи пайда кæны, уыцы адæм ахæм хъуыдыимæ разы не сты. Бирæтæн сæхи кæм найой, ахæм бынат нæй.
Абана ауæй кæнынмæ кæй хъавынц, уыцы хъуыдыимæ горæты цæрджытæ разы не сты. Дзæбæхгæнæн хинайæнæй пайда кæнынц бирæ адæм. Иутæн уарзон бынат у советон рæстæгæй нырмæ, иннæтæн иунæг фадат сæхи ныхсынæн.
Касаты Мэри, абанайы кусæг: «Ма йæ сæхгæнæд, уымæн æмæ ай у махæн нæ дыккаг хæдзар. Инвалидтæ, зæронд адæм, рынчын адæм, ацы ран иумæ сæ хабæрттæ ракæнынц».
Ацы абана Дзæуджыхъæуы у иунæг. Арæзт æрцыд 1971-æм азы, кæддæриддæр дзы бирæ адæм пайда кодта. Ссыдысты ма иу раст республикæйы районтæй. Дзæбæхгæнæн хинайæны ис, сугæй арт кæм æндзарынц, ахæм хи тæвдгæнæн, стæй дзы ис цалдæр финаг пецы. Уыдон æрластой Финляндийæ. Абанайы ис алы фадæттæ – бассейн æмæ æндæр дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. У муниципалон. Уымæ гæсгæ йæ æргътæ дæр сты, иннæтимæ абаргæйæ, бирæ асламдæр. Лæвар дзы пайда кæнынц ацæргæ адæм, ивалидтæ, ветерантæ.
Гæбæйраты Раисæ: «Ардæм æрбацыдæн, æмæ мы нам скодтой скидкæ, инвалид дæн æмæ 150 нæ фидын, фæлæ 100. Ай мæгуырты бынат у».
42 милуаны 450 мин сомы – уый у абанайы бæстыхайы аргъ. Уæвгæ абана у гом акционерон æхсæнад, ис Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны. Уым куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзы æрдæгмæ абана 19 мин сомы йæдтæмæ нæ бакуыста. Æмæ уый тыххæй сфæнд кодтой дзæбæхгæнæн уагдон ауæй кæнын. Горæты разамынды уæнгтæ æмбарын кæнынц, цы æхца райсой, уый кæй схардз кæндзысты æндæр хъæугæ хабæрттыл – зæгъæм, фæндæгтæ, кæнæ рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ сцалцæг кæныныл.
Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Нæ сахары бюджеты æхца фаг нæй. Æмæ нæ сахары цы исбон ис, уый уæй кæнæм, æмæ нæ дифицит уымæй æхгæнæм. Ацы бæстыхай мах уæй кæнæм, æмæ ахæм хæс сывæрдтам æлхæнæгæн, цæмæй 5 азы дæргъы ацы бæстыхай уыдзæн баня. Æмæ йæ куыст ивд не рцæудзæн».
Къарджиаты Æхсарбег абанайы директор у ныр 16 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй бæстыхай уыд тынг æдзæллаг уавæры. Уæдæй нырмæ йæ кодтой цалцæг. Ныр дзы ис æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй адæм сæхи найой. Суткæмæ ардæм æрбацæуы 100 адæймаджы бæрц. Иу мæймæ та сæ нымæц хæццæ кæны 300-мæ.
Къарджиаты Æхсарбег, муципалон дзæбæхгæнæн учрежденийы директор: «Абон Ирыстоны мæнæ ацы бани йедтæмæ нал ис, мæгуыр адæмæн сæ бон цæуын кæдæм уа. У нæм аргъ 150 рублей æмæ уымæй асламбдæр Уæрæсейы никуы ис».
Аукцион кæй уыдзæн, уый тыххæй адæмæн фехъусын кодтой дыууæ къуырийы размæ. Фæлæ нырма бæстыхайæн æлхæнæг нæй.
Ныр ма уал абана кусдзæн раздæрау, зæгъынц горæты администрацийы. Уæйгонд куы рцæуа, уæддæр 5 азы дæргъы йæ архайд нæ аивдзæн. Ахæм у аукционы сæйраг домæн.
Гугкаты Иринæ
