филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 понедельник, 15 декабря 2025
24 марта 2014, 11:01
Дзæуджыхъæуы Уæлахизы фæзы арæзт æрцыди партии «Уæрæсейы Коммунистты» активист Къæлхидты Анатолийы фарс рахæцыны митинг

Æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр рацыдысты æхсæнадон кусæджы суæгъд кæныны тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъынмæ. Уыди сæм транспоранттæ, алыхуызон домæнтимæ.

«Къæлхидты Анатолий тох кодта хуымæтæг адæмы бартыл. Йæхицæн ницы агуырдта. Фыдгæнæг нæу, æнæзакъон митæ нæ кодта, æмæ йæ цæмæ æрцахстой, уый бæрæг нæу»,- загътой митинджы архайджытæ.

Сгуыхт аразæг, партийы активисты хъæппæрисæй бирæ хæттыты арæзт æрцыд акцитæ. Домдта завод «Электроцинчы» куыст бауромын, æмæ æрдз кæй аххосæй чъизи кæны, уыдоны бафхæрын. Уымæй уæлдай 1-æм мартъийы фæнд кодта цæрæн – коммуналон хæдзарады тарифты ныхмæ акци саразын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania